Хъолайы цъити йæ асмæ гæгæ зынгæ фестырдæр æмæ тæссаг у, куы рацæуа, уымæй. Ахæм хатдзæгмæ та ногæй æрцыдысты нæ бæстæйы ахуыргæндтæ. Цалдæр боны размæ Ирыстоны уыдысты. Ивгъуыд æнусимæ абаргæйæ, ныртæккæ цъитийы змæлд фæци 2-3 хатты тынгдæр. Цас тæссагдæр фæци уавæр, æмæ дзы адæмы цавæр мадзæлтты фæрцы сæдас кæнæн ис? Уыдæттыл дзурæм «Йæ рæстæгыл».
Майрамададжы фæсивæдæн фæззæгмæ байгом кæндзысты спортивон фæз. Афтæ цалдæр боны размæ комкоммæ бастдзинады рæстæг фехъусын кодта Алагиры районы администрацийы разамынд. Цавæр хъуыддæгтæ дзы сты æнæмнг лыггæнинаг æмæ цавæр хатдзæгтæм æрцыдысты адæмимæ аныхас кæныны фæстæ? Æппæт уыдæттыл ныхас кæнæм нæ программæйы.
27-æм мартъийы Дунейы бæрæг кæнынц Театры Бон. Нысангонд æрцыд 1961-æм азы. Йæ мидисы та ис адæмты `хсæн сабырдзинад æмæ хæлардзинад парахат кæныны, театралон архайджыты æмгуыстад хъомысджындæр кæныны хъуыды. Театры тых æмæ ахадындзинадыл дзурæм Æрæфы районы культурæйы Галуаны театралон къорды минæвæрттимæ.













