Афтæ рауади, æмæ 9-æм бонимæ баст сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ахадгæдæр цаутæ. Уый уын 9-æм май, стæй 43-æм азы 9-æм октябрь. Уæд Советон æфсад рамбылдта Кавказы бынмæ хæст, æмæ знаджы фæндаг æрæхгæдта Фæскавказмæ. Уæдæ цас æмæ цас сгуыхтдзинæдты тыххæй зонæм советон адæмы тыххæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты? Фæлæ дзы ис, кæй хъæбатырдзинады кой нæм нал фæхæццæ уыдзæн, ахæмтæ дæр. –хъыгагæн, хæсты æгъдау афтæ у, æмæ йæ хъайтарты нæмттæ се ппæт нæ раргом кæны. Фæлæ мах сымах æххуысæй архайæм, уæ хиуæтты, уæ хъæуккæгты æмæ уæ сыхæгты тыххæй радзурын æппæт дунейы цæрæг ирæттæн дæр.
Афтæ уыдзæн абон дæр. Нæ программæйы фендзыстут, æмæ фехъусдзыстут, гæнæн ис, æмæ раздæр кæй нæ зыдтат, ахæм хæстон хабæрттæ.