Мадæлон æвзаг — зæрдæйы дуар кæй у, уымæн не ппæт дæр алы бон æвдисæн вæййæм. Уæдæ ма де мзæххонмæ фæлмæнæй иронау сдзур, кæддæра дæм уайтагъд мидбылты нæ бахудид?
Фæстæмæ дæр дын дзуапп иронау ратдзæн. Уый ныхасæн йæ райдайæн, куыд фæстæдæр та мадæлон æвзагыл цæуылфæндыдæр дзурæн ис: зæрдæйы уаг раргом кæнын, ныфсы кæнæ уарзондзинады нæхæстæ зæгъын, ахсджиаг темæйыл æрдзурын, суанг ма хицауады æмбырдтæ дæр аразын.
Хъыгагæн нын, фæстаг азты уырыссагау дзурын æнцондæр у. Кæрæдзийы разæй тæхæм фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ. Уый тынг хорз хъуыддаг у… Бæргæ, алчидæр нæ цалдæр æвзаджы куы зонид.
Фæлæ…Æппæты фыццаг адæймаг хъуамæ цавæр æвзаг зона æмæ цавæр æвзагыл дзура? Ууыл уыдзæн нæ абоны ныхас!
















