Мады Майрæмы кувæндæттæ Ирыстоны бирæ уыд, куывтой йæм алы хъæуы дæр. Куырттаты комы ис Уæлæмæсыг Мады Майрæмы кувæндон. Тынг рагон æй хонынц. Йæ фæзынд ын ахуыргæндтæ алыхуызы амонынц.
Ирон адæм ацы кувæндон абоны онг бахъахъхъæдтой, кад æмæ йын табу кæнынц. Уæлæмæсыг Мады Майрæмæн ис сæрмагонд бæрæгбон дæр. Кæнынц æй хурхæтæны мæйы кæрдæгхæссæны фæстæ. Равдыст «Кувæг Ир»-ы сфæлдыстадон къорд бæрæгбоны абалц кодта Куырттаты коммæ.















