Хъæуккæгтимæ абаргæйæ горæты цæрджытæ, фæстаг цалдæр азы зынгæ фæфылдæр сты. Уый зыны канд адæмы нымæцæй нæ, фæлæ ма горæтты арæнтæ уæрæхдæр кæй кæнынынц, уымæй дæр.
Ныртæккæ арæзтад цæуы 87 объекты. Уыдонæй кæцыдæртæ рацараздзысты бындуронæй. Уымæй уæлдай ма ног кæнынц фæндæгтæ, аивгонд цæуынц æхсæнадон бынæттæ æмæ бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Национ проектты æххуысæй сывæллæтты рæвдауæндæтты фæзындзæн 1280 бынаты.