Иу адæмыхатт иннæмæй цæмæй хицæн кæны куы бафæрсат, уæд фыццаджыр зæгъдзыстæм — йæ культурæйæ. Ирон адæм дæр афтæ. Не `гъдау куы нал уа, уæд нæ мыггæгтæй фæстæмæ ирон ницыуал уыдзæн. Цæмæй ныл уыцы æмбисонд ма ‘рцæуа, уый тыххæй нæ хъæуы фыдæлтыккон фарн бахъахъхъæнын.
Бирæтæ зæгъдзысты, ныртæккæ нæ чындзæхсæвты иронæй ницыуал ис, зæгъгæ. Чындз ма-иу мыдыкъус байуæрста, фæлæ уыцы фæтк дæр хъазинаг ссис. Гæнæн æмæ амалæй уыцы худинаджы архайд сраст кæнын хъæуы. Уый та, æвæццæгæн, хъомыладон куыст у, хистæр æмæ кæстæры бастдзинад. Уый тыххæй бæстондæр дзурæм нæ ног равдыст «Нысантæ»-йы.