2008-æм азы 8-æм августы цаутæй уыйас бирæ рæстæг нæма рауад. Фæлæ нæ рох кæнын кæй райдыдтой, уый бæлвырд у. Зæгъæм, не `ппæт дæр æвдисæн вæййæм: иутыл æрхæндæг æмæ тугкалæн цаутæ мысгæйæ хуыз нал фæхæцы, иннæтæн та сæ зæрдæ кафын æмæ зарын фæагуры. Цæмæн афтæ у, æмæ адæм сæхи цæмæй иппæрд кæнынц? Ууыл дзурæм «Йæ рæстæгыл».
Уæрæсейы бавнæлдтой удварны культурон хæзнатæ паддзахадон реестрмæ бахæссыныл. 2022-æм азы нæ бæстæйы Президент бафыста этнокультурон хæзнаты тыххæй закъон. Документмæ гæсгæ, дих кæндзысты федералон, регионалон æмæ бынæттоныл. Йæ ныхас зæгъдзæн Цæгат Ирыстон дæр. Æрæджы нæм ныхас цыд уыцы реестрмæ ирон кæрдзынтæ, адæмон кафт Симд æмæ Задалески Нанайы музей бахæссыныл. Куыд сахаддзæн реестры фæзынд нæ республикæйы культурон хæзнатыл æмæ уыцы национ-культурон бындуртæн сæ нысаниуæг цас ахсджиаг у? Уый иртасæм нæ программæйы уазджытимæ.













