Ныр 2 æнусы бæрц Къостайы ном хъуысы алы бæстæты. Бирæ адæмæн йе сфæлдыстад уарзон сси, йæ цардвæндаг та ныры онг дисы æфтауы. Сæрбæрзонд дзы уыдысты йе мдугонтæ, сæсрæстыр дзы стæм мах — ныры фæлæр. Ацы аз Къостайы райгуырæн бон сбæрæг кодтой канд нæ республикæйы нæ, фæлæ бирæ уæрæсейаг æмæ ма раст фæсарæйнаг горæтты дæр. Йæ кадæн конд æрцыдис бирæ мадзæлттæ. 2019-æм азы «Къостайы афæдз» снысан кодта нæ телекомпани дæр. Уæ бон уыди бакасын алы хуызы равдыстытæ æмæ программæтæм. Цæгат Ирыстоны телеуынынады фыццаг хатт арæзт æрцыд телевизион-интеллектуалон хъазт «Къостайы фæндæгтæ». Афæдзы кæрон нæ æппæт уыцы мадзæлттæн фæнды хатдзæгтæ скæнын. Уый тыххæй нæ студимæ æрбахуыдтам, фыссæджы ном фæлтæрæй-фæлтæрмæ парахат кæныныл чи архайы, уыцы адæймæгтæй цалдæры. Нæ уазджытæ сты: Дæуджыхъæуы Къостайы хæдзар-музейы сæргълæууæг Габеты Лаурæ æмæ журнал «Ногдзауы» редактор Сæлбиты Дианæ.
Ацы аз Цæгат Ирыстоны номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сыххæст и 160 азы, йæ чиныг «Ирон фæндыр»-ыл та 140 азы. Æнæхъæн афæдз нæ республикæйы, хуссар Ирыстоны æмæ, ирон адæм кæм цæры, уым сæ хæсыл банымадтой Къостайæн уæлдай кад скæнын. Уæвгæ, Къостайы ном канд йæ юбилейы хъуыды кæнын нæ хъæуы, фæлæ æппынæдзухдæр. Æмæ уый бирæтæн уайгæ дæр кæны. Къостайы бонмæ журнал «Мах дуг»-æн дæр рацыд сæрмагонд номыр. Музыкант Плиты Мурат та Къостайы æмдзæвгæтæм ныффыста музыкæ, æмæ дзы рауагъта романсты æмбырдгонд. Абон композитор Плиты Мурат æмæ «Мах дуджы» сæйраг редакторы хæдивæг Касаты Аслæнбег сты не студийы уазджытæ.