Нымӕтхуд. Нӕ фыдӕлтӕ къуымбилæй бирӕ дзаумӕттӕ кодтой. Уымӕн ӕвдисӕн, уыцы хъуыддагимæ баст нæм дзæвгар дзырдтæ кæй ис, уый.
Уалдзӕджы æлвыд фысхъуын «фист» хуыйны, фӕззыгон хъуын та — «фӕсм». Нæлгоймæгтæ-иу фысвос куы алвыдтой, уæд-иу къуымбил сылгоймæгтæ ныхсадтой, æмæ-иу æй ныффастой сæрмагонд хъæдын фасæнтæй, кæнæ пирæнæй. Нæ республикæйы ма ис, чи сæ кæны, ахæмтæ. Фæлæ се ссарын бынтон æнцон хъуыддаг нæу. Мах сæ агурæг.
















