Куыд иннӕ рӕтты, афтӕ Ӕрыдоны районы фермерты дӕр тынг бахъыгдӕрдта хус рӕстӕг.Уый аххосӕй сæ нартхоры хуымтӕ зӕрдӕйы фӕндиаг нӕ фесты. Ӕмӕ сӕ канд уый куы къуылымпы кӕнид. Бирӕ цыдӕртӕ тыхсын кӕны зӕхкусӕджы. Ӕргомæй нын сӕ радзырдта Фыййаджыбылы фермер Хуыбиаты Тамерлан.
Районы хъæууон хæдзарады райрæзты тыххæй ма аныхас кодтам администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хъесаты Сталбегимæ дӕр. Цæмæй райы зæрдæ æмæ цӕуыл хъæуы бакусын, уый базондзыстут равдыст #Хæдзарадон-ӕй.















