30-æм апрельмæ нæ республикæйы æххæстгонд цæуы хæдзары лæууыны уавæр. Адæмæй курæг сты, цæмæй æнæхъуаджы уынгмæ ма цæуой, æмæ хæцгæ низæй хъахъхъæной сæхи æмæ сæ хиуæтты дæр. Сæрмагонд домæнтæ лæмæгъдæр кæндзысты, рынчынты нымæц куыд къаддæр кæна, афтæ.
Ацы къуыри Цæгат Ирыстоны хицауад сæрмагонд фиддонтæ æрвитын райдыдта, коронавирусы аххосæй йæ куыст чи фесæфта, уыцы цæрджытæн. Паддзахадон æххуыс кæнынц, фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрадмæ йæ курдиæттæ чи æрвиты, уыдонæн. Æхца лæвæрд цæуынц иу хатт æмæ сæ бæрц у 3 мин сомы. Фæрзтæ райсыны фæтк цавæр у, æмæ сæ бæлвырдæй кæмæн дæттынц?
Ууыл æмæ ма æндæр фарстытыл æрныхас кæндзыстæм фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министры хæдивæг Маматы Анжелæимæ æмæ ацæргæ адæмы Хæдзар «Узæлд»-ы сæргълæууæджы хæдивæг Цыбырты Лянæ.
















