Хуымæллæгæй хæстмæ ацыд авд чызджы. Сæлбиты Верæ, Гаппуаты-Калоты Аминæт, Цæлойты Нинæ, Бардиаты Ханиффæ, Любовь Старченко, Розита Малтызова. Фæстаг цыппар чызджы хъæбатырæй фæмард сты. Хъæуы цæрджытæ абон се `ппæты тыххæй дæр зонынц, рох сæ нæ кæнынц. Хæст куы райдыдта, уæд хуымæллæггаг чызг Сæлбиты Верæйыл цыд 31 азы. Уæдмæ сахуыр кодта Киевы бастдзинады æфсæддон училищæйы, мой скодта. Сæлбиты Верæйæн хъуамæ Советон Цæдисы хъæбатыры ном радтаиккой, фæлæ йæ уый бæсты Сырх Тырысайы орденæй схъорзæхджын кодтой. Йæ сгуыхтдзинæдтыл дзурæм нæ студийы.
Рахизфарсы районы Ольгинскæйы ис дыууæ музейы. Иу Мамсыраты Хаджумары хæдзар-музей, иннæ — скъолайы музей. Цавæр зонындзинæдтæ райсæн ис скъолайы музейы æмæ йæм чи бацæуы, уыдоны удварн цæмæй фæхъæздыгдæр вæййы? Ууыл дзурæм «Йæ рæстæгыл».
Нæ республикæйы медицинон кусджыты цæттæ кæныныц æртæ ахуыргæнæндоны. Сæ рагондæртæй иу у Цæгат Ирыстоны медицинон колледж. Кусын райдыдта 1920-æм азы. Уыдис дзы дыууæ хайады æмæ йæ фыццаг аз каст чи фæци, уыдон уыдысты 35-æй. Абон уæды скъола зынгæ фæуæрæхдæр, фæфылдæр сты йæ хайæдтæ. Медицинæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны æмæ йæ цард адæмы дзæбæх кæнынимæ сбæттын кæй фæнды, уыдонæн цавæр рæзты фадæттæ æмæ уавæртæ ис, ууыл дзурæм.













