Хæхбæсты æмæ быдырты сæрты афтгæйæ, ирон адæм Турчы дæр бахъахъхъæдтой се `взаг, сæ культурæ æмæ, æнæмæнг, се `гъдау.
Хуымæтæджы нæ дзырдæуы «Туг хæссы», зæгъгæ. Ахæм номимæ нæ радон равдыст а-изæр уыдзæн нæ телекомпанийы эфиры. Сæ аив ныхас æмæ кæстæртыл аудæг хъуыдытæ зæгъдзысты Таутиаты Гамбе æмæ Цъæхилты Елдыз. Буц хистæртæ сты Турчы цæрæг ирæтты æхсæнады æмæ нæ фæнды, цæмæй сæ Ирыстоны дæр базоной. Дард кæмæй сты, фæлæ сæ зæрдæйыл хуыд чи у, уыцы ран. Табуафси!