Нæ ныхасы сæр сты æрдзон фыдбылызтæ æмæ сæ ныхмæ арæзт мадзæлттæ. Йæ хъуыдытæ нын загъта УФ-йы сгуыхт эколог Æлборты Иван. Фендзыстут Зилгæйы зетиуадзæн цехы куыст дæр. Хъæууон хæдзарады райрæзтыл ма дзырдтой Калининграды, уыдис дзы «Æппæтуæрæсеон быдыры бон», зæгъгæ. Уыдысты дзы Цæгат Ирыстоны делегацийы минæвæрттæ дæр. Сæ зæрдыл цы бадардтой, уый тыххæй та нын радзырдта Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон центры регионалон хайады разамонæг Тотраты Олег.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- ХæдзарАдон
- Выпуск от 25.03.2022
Уалдзыгон-быдырон куыстытæ æмæ санкцитæ
25.03.2022 18:20
ХæдзарАдон
Выпуск от 25.03.2022
«Хæдзарадон»-ы радон рауагъды ныхасы фылдæр хай баст у уалдзыгон-быдырон куыстытимæ. Нырыккон политикон-экономикон уавæр хынцгæйæ нæ базонын фæнды, зæхкусджытæ цæмæй тыхсынц фылдæр, уый. Цæмæй цæттæ сты, стæй цавæр культурты фæзуæттæ хъæуы фæфылдæр кæнын. Ацы æмæ æндæр фӕрстытæн бацархайдзыстæм дзуӕппытӕ ссарыныл.
Другие выпуски
