Зындгонд тренер Багаты Вячеслав схъомыл кодта 100 хъæбысæйхæцæгæй фылдæры.
Канд спортивон сусӕгдзинӕдтӕ сын нӕ амыдта, ахуыр сӕ кодта, фыццаджыдӕр, адӕймаг уӕвыныл. Чи зоны, уымӕн афтӕ ӕнтыстджын вӕййынц йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ.
Уæрæсейы сгуыхт тренер, дунеон къæпхæны арбитр, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты командæйы сæйраг тренер хъæбысхæстæй Багаты Вячеслав у нӕ равдысты хъайтар.
















