Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнын райдыдтой Уæрæсейы наукæйы бон. Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты абон цæуынц «Гуыриаты Тамерланы номыл бакæстытæ».
Мадзал сарæзтой æвзагзонынады дæсны, ахуыргонд æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæнадон архайæг Гуыриаты Тамерланы номы кадæн. Тамерлан ныффыста 270 ахуырадон æмæ 600 зонадон куысты. Баст сты ирон æвзагзонынад, филологи æмæ Нарты кадджыттимæ. Бакæстыты ма дзурынц ахуыргонды сфæлдыстадон бынтыл дæр, сæрмагондæй Цæгат Кавказы æвзæгты этникон хуызтыл æмæ нырыккон æвзæгтæ иртасыныл. Бакастыты архайынц 30 адæймагæй фылдæр æгас Цæгат Кавказæй. Сты æрыгон ахуыргæндтæ, аспиранттæ æмæ студенттæ.
Райсом та байгом уыдзæн æрыгон ахуыргæндты скъола «Кавказ в его прошлом и настоящем: история, археология, культура», зæгъгæ. Конференцийы программæйы уыдзæн дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, æрыгон ахуыргæндты докладтæн дзы эксперттæ аргъ скæндзысты. Мадзаларæзт æрцæудзæн ЦИПУ-йы ахуыргæндты Советы залы.