preloader
сейчас в эфире
00:32
НАЦИОНАЛЬНЫЕ ИНТЕРЕСЫ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
Музыкæ 12+
01:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
01:45
ПРОСТЫЕ ИСТИНЫ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НАЦИОНАЛЬНЫЕ ИНТЕРЕСЫ (ПОВТОР) 12+
close

«Амыраны рухс»

16.03.2018 17:46

«Амыраны рухс» – афтæ хуыйны аивадон цау. Уый ахадгæ æвæрæн хæссы мадæлон æвзаджы райрæзтмæ. Мадзал баст у ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы гуырæн бонимæ.

«Амыраны рухс» – афтæ хуыйны аивадон цау. Уый ахадгæ æвæрæн хæссы мадæлон æвзаджы райрæзтмæ. Мадзал баст у ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы гуырæн бонимæ. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ дзы архайыны фадат ис республикæйы алы районты сывæллæтты коллективтæн. Бирæ къордтæ дзы стыр сценæмæ рацыдысты фыццаг хатт. Ныронг ахæм фестивалы никуы архайдтой, æмæ сæм кæсы тынг цымыдисаг. Хæдахуыр актерты дæсныйад фенынмæ араст не сфæлдыстадон къорд дæр.

20 азæй фылдæр рацыд, фæсивæдон театр «Амыран» сценæйы æмбæрзæн фыццаг хатт куы байгом кодта, уæдæй. Фæлæ абон дæр студийы артдзæсты гуыры æмæ адæмыл рухс тауы сæ ирд аивад. Сæ хъæппæрисæй нæ республикæйы арæзт æрцыд сывæллæтты театрты фестиваль «Амыраны рухс». Аивадон цау саразыныл бацархайдтой фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ театры минæвæрттæ.

Фестиваль сарæзтой дыккаг хатт. Æвзарæн туртæ вæййынц дыууæ къæпхæнæй – районты æмæ республикæйы. Сæ курдиат равдисыны бар ацы хатт уыд Дыгуры районы сабитæн. Къорайы театралон студийы сывæллæттæ цæхæрцæстæй архайынц сæ сурæтты æнкъарæнтæ театрдзаутæм бахæццæ кæныныл. Сæ ирд уæлæдарæс дæр уымæн æххуыс у.

Сывæллæттæ зæрдиагæй архайынц алы эпизоды дæр. Фестивалы домæнтæй иу у, цы спектакльтæ æмæ театралон скъуыддзæгтæ æвдисынц, уыдон цæмæй ирон æвзагыл уой. Аразджыты сæйрагдæр хæс у æвзонг артистты ирон драматургиимæ æмæ ирон театралон традицитимæ базонгæ кæнын. Уымæ та сæ разæнгард кæнынц сæ къордты разамонджытæ.

Фыццаг къæпхæны сæ курдиат раргом кодтой театралон студиты æмæ культурæйы галуанты минæвæрттæ. 500 адæймагæй æмæ 100 сфæлдыстадон къордæй фæфылдæр сты.  Æвзонг артисттæн аргъ кодтой театралон æхсæнады минæвæрттæ. Фестивалы кæронбæттæны та уыдзæн гала-концерт Дзæуджыхъæуы.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
24.06.2026 | Национальные интересы
24.06.2026
Тамара Щукина I Дело мастера
24.06.2026
«Право на риск. Отрасль с нуля» I Точка отсчёта
24.06.2026
Переливание крови I Доброе утро, Осетия!
24.06.2026
Поэзийы театр æмæ балалайкæйы бон I Йæ рæстæгыл
23.06.2026
Искусственный интеллект — помощь или угроза?
23.06.2026
Куырттаты ком I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
23.06.2026
Фæрниаты Райæ I Фæрдгуытæ
22.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 2: врачевание на Кавказе, поздняя бронза – раннее железо / Ossetica
22.06.2026
22.06.2026 I Самое время
22.06.2026
Поиск себя I Доброе утро, Осетия!
22.06.2026
«Булат» | К 90-летию Булата Газданова
21.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 21.06.2026
21.06.2026
В итоге: 21 июня
21.06.2026
Гвардия I 20.06.2026
20.06.2026
Все рекомендуемое