Æбиты Ритæ Хъарман-Сындзыхъæуы постхæссæгæй ныр 30 азæй фылдæр кусы. Æрвылбон æрзилы 200 адæймагыл. Алы хæдзары дæр æм æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц. Хъæуы цæрджытæн рагæй сси хорз хæлар æмæ æххуысгæнæг.
Йæ дæсныйады тыххæй Ритæ дзуры мидбылхудгæйæ. Йæ куыстæн аргъ кæны æмæ йæ уарзы. Уый адæмæн йæ бон пайда хæссын кæй у, уый тыххæй. Постхæссæг фыццаджыдæр хъуамæ уа рæстуд æмæ цæсгомджын, — зæгъы сылгоймаг. Уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, быхсон. Æрвылбон хурæй-къæвдайæ æппынкъаддæр 2 сахаты фæцæуы фистæгæй, цæмæй цæрджытæм æмбæлгæ æрмæг фæхæццæ кæна.
Æбиты Ритæ ма æнтыстджын у æхсæнадон куысты дæр, хъæуы депутат у. Æрвылбон æм фæсидынц алыхуызон фарстатимæ. Сылгоймагæн йæ бон цæмæй вæййы, уымæй баххуыс кæны.
Ацы аз Æбиты Ритæ фыццаг хатт архайдта «Земский почтальон» æппæтуæрæсеон æркасты æмæ рахызт финалмæ. Ныр дарддæр ацæудзæн федералон къæпхæнмæ Мæскуымæ.
Æгас бæстæйæ дзы æдæппæтæй архайдтой 3 мин адæймагæй фылдæр. Цæгат Ирыстонæй уыдысты 20. Постхæсджытæ, кæцытæ афæдзæй фылдæр кусынц 50 мин цæрæджы кæм ис, ахæм цæрæн пунктты
Конкурс расидт «Иугонд Уæрæсе» æмæ «Уæрæсейы хъæуккаг фæсивæды цæдис», нымæцон æмæ хъæууон хæдзарады министрадты, уыимæ постхæсджыты бастдзинады федералон операторты æххуысæй.
















