Слесгӕнӕн комитет куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй хъармгӕнӕн рӕстӕг 2021 азы октябрӕй декабры онг 11 адӕймаджы сыгъдхъӕстӕ фесты. Уыдонӕй æхсæзæй фæмард сты.
Ацы аз афæдзы райдианæй 9 адӕймаджы фӕхуыдуг сты газӕй, ӕртӕйӕ дзы амардысты. Ӕдӕппӕтӕй газы азары бахаудысты 24 адӕймаджы, уыдонӕй 15 уыдысты сывӕллӕттӕ. Сӕйрагдӕр аххосагыл нымад цӕуы, адӕм сӕ хӕдзӕртты газы гӕрзтӕ хибарӕй кӕй сифтындзынц, уый. Уыимӕ ма, цӕрӕн бынӕтты хивӕнд рацарӕзт арӕх домӕнтӕн дзуапп кӕй нӕ фӕдӕтты, уый.
















