Ирон театр цæттæ кæны ног премьерæ. Театрдзаутæ фендзысты зындгонд æмæ адæмæн уарзон спектакль «Чепена». Уæвгæ йæ театры сценæйыл фыццыг хатт не`вæрынц. Алы хатт æрбангом кæны аивадуарзджыты алы фæлтæрты минæвæртты. Ныр дӕр спектакль цæттæ кæнынц пьесæйы автор Хуыгаты Георы 100-азы юбилеймæ. Актертӕ репетицийы рӕстӕг куыд кусынц сӕхиуыл, уый тыххæй нæ дарддæры ӕрмæг.
Хъæлдзæг ныхæстæ, куырыхон хъуыдытæ æмæ адæймаджы хуыздæр миниуджытæ. Уый тыххæй спектакль «Чепена» у уарзон канд Цæгат Ирыстоны театрдзауты цалдæр фæлтæртæн нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы æндæр бынæтты дæр. Артисттӕн сӕ дысны архайды фæрцы пьесæ рауайы ирд æмæ цымыдисаг. Сæйраг хъайтар — хъæлдзæг æмæ фыдцъылыс хохаг. Хъазы йӕ æрыгон актер Уаниаты Валерий. Ацы ролмæ тынг бæрнон цæстæй кæсы.
«Чепена» у Хуыгаты Георы хуыздæр комедитæй иу. Цардыуагон кæй у, уымæ гæсгæ декорцитæ æмæ костюмтæ сты хуымæтæг, фæлæ спектаклы хъайтарты ‘хсæн цы ныхас бацайдагъ, уый, æнæмæнг, театрдзауты арф хъуыдыйыл бафтаудзæн. Кæддæр паддзахы рæстæг булкъоны цины чи уыд, уыцы Гæздæн йæхицæн бинойнагæн равзæрста Зæринæйы. Йæ ракурын ссис йе стырдæр бæллиц. Спектаклы сæйраг хъуыды – уарзондзинад æмæ рæстдзинад царды сæрæвæрæн. Ӕмӕ уый, куыд æмбæлы, афтæ адӕммӕ фæхæццæ кæнын æнцон нæу фæлтæрдджын актерæн дæр. Сæйраг ролтæй иу хъазы Къуымæллæггаты Владимир.
Архайд цæуы 19-æм æнусмы, нырыккон æууæлтæ йӕм бахæсгæйæ. Артисттæн дæр фадат ис сæхи хъуыдытæ зæгъын. Уый та уымæн, æмæ æрмæст иумæйаг бакуысты фæрцы хъуыддаг рауайы æнтыстджын. Уæдæ режиссеры цымыдисаг цæстæнгас æмæ арæхстджын куыст скæнынц спектакль æнæаипп.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ режиссер Хуыгаты Георы спектаклты драматурги алкæйы зæрдæйы дæр ныууадзы арф фæд, ирд æнкъарæнтæ. Уæвгæ, цы уацмыстæ фыста, уыдон абон дæр сты актуалон, фидарæй сæ схонæн ис æнæмæлгæ. Театры национдзинад бахъахъхъæнын – у театралон къорды сæйраг нысан. Уымæн та Хуыгаты Георы уацмыстæ сты стыр æххуыс.
21 апрелы Ирон театры райдайдзысты Хуыгаты Георы 100 азы юбилейы кадæн мадзæлттæ. Ахæсдзысты къуыри. Сценæйыл равдисдзысты ирон театры æнæбын хæзнаты æвдисæнтæ — спектакльтæ «Хъæздыг хæзар»,»Сау нымæт», «Чепена»,»Мæ усы мад».
















