Хъæбысхæсты дунейы йæ хонынц “ирон Юрий Гагарин”. Андиаты Сослан 50 азы размæ олимпиаг бæрзæндтæм цы фæндаг акъæртт кодта, ууыл ацыдысты 15 ирыстойнаг богалы æмæ сын бантыст 20 сыгъзæрин майданы рамбулын.
Йӕ иттӕг хорз техникӕ, зондджын тактикӕ ӕмӕ бӕрзонд фӕразондзинад дисы бафтыдтой ӕппӕт спортивон дунейы. Йӕ фыццаг Олимпаг хъӕзтытӕм Монреалмæ Андийы-фырт ацыд куыд уӕлахизмӕ сӕйраг кандидат. Уыд дунейы дыууӕ хатты чемпион. Сослан ныфсджынӕй фӕуӕлахиз ӕппӕт ныхмӕлӕуджытыл дӕр: ӕнцонӕй рамбылдта фыццаг фембӕлдтытӕ, сӕйраг тохтæ ӕмӕ кӕронбӕттӕны фӕуӕлахиз 22:9 хыгъдимӕ. Уый уыд Ирыстоны спортсменты Олимпиаг хъæзтыты фыццаг уæлахиз.
Олимпиадӕйы сызгъӕринмӕ фӕндаг райдыдта ам, чысыл спортивон залы. Андиаты Сослан ардæм йе ‘рдхорд Ходы Ӕхсарбегимӕ цыд тренировкӕтӕтæм. Дыууæйæ дæр Зӕронд Бӕтӕхъойыхъӕуккæгтæ сты. Цӕрӕнбонты хӕларӕй фӕцардысты. Ӕхсарбег Андийы-фырты хоны, ӕдзухдӕр цымыдисаг кӕимӕ уыд, ахӕм æмбал. Сослан музыкӕ ӕмӕ чингуытӕ бирæ уарзта.
Фӕлӕ гауызы ӕдде Андиаты номдзыд ӕмӕ тызмӕг Сослан уыд бынтон ӕндӕр адӕймаг. Йӕ кӕстӕр фырт Георгий мысы, йӕ фыд тынг хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый. Сывӕллӕттӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй сын сæйраг хæзна уыд йӕ хорз удыхъӕд, спортивон майдантӕ нӕ, фӕлӕ. Йæ уынаффæтæ — зондджын, кæддæридддæр сын ӕххуыс кодта.
Æдзухдӕр-иу мын афтӕ дзырдта: “Æз дӕуӕн фыццаг хӕлар ӕмӕ ӕфсымӕр дӕн, уый фӕстӕ та — фыд. Уымӕ гӕсгӕ йӕм кӕддӕриддӕр мӕ бон уыд цыфӕнды уынаффӕмӕ дӕр бацӕуын. Рагацау-иу хъуыды кодтон, цы дзуапп фехъусдзынæн, ууыл. Фӕлӕ мын уый бынтон ӕндӕр ныхӕстӕ кодта. Æмæ-иу фӕстагмӕ хъуыддаг рауад, мæ фыд развӕлгъау куыд дзырдта, раст афтӕ. Стыр бузныг дзы дӕн йе ‘ппӕт царды уынаффӕтӕй дӕр. Фыццаг мӕ радта кафынмӕ, футбол ӕмӕ гимнастикӕмӕ, ӕмӕ ӕрмӕст уый фӕстӕ хъæбысхæстмæ.
Фыццаг кафджытæ, футбол ӕмӕ гимнастикӕ, хъӕбысхӕст та уый фӕстӕ. Сослан йӕ фыртӕн бар лӕвӕрдта спорты кӕцыфӕнды хуыз равзарынӕн дӕр. Георгий куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ фыд цыфӕнды хъуыддаджы дӕр йӕ фарс рахӕцыдаид. Ныр йæхи сывæллæтты дæр афтӕ хъомыл кӕны.
Гыццылӕй мын иууылдӕр афтӕ куы дзырдтой, мӕ фыд дыууӕ хатты олимпаг чемпион у, зӕгъгӕ, уӕд ӕй не ‘мбӕрстон. Ӕз ӕрмӕстдӕр хъуыды кодтон:”О, чемпион у”. Фӕлӕ куы схъомыл дӕн, æрмæст уæд бамбӕрстон, олимпаг чемпион уӕвын куыд зын ӕмӕ ахсджиаг у, уый.
Спорты — ӕнӕбасӕтгӕ, царды — хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хӕдӕфсарм. Ахæмæй бахъуыды кодтой Андиаты Сосланы. Йæ кад æмæ уæлахизтæ — фæлтæртæн дæнцæг.
















