preloader
сейчас в эфире
20:33
TABULA RASA 12+
Смотрите Далее
21:00
ВОЗВРАЩЕНИЕ УРУЗМАГА 12+
22:25
АРВАЙДÆН 12+
23:30
ЭВОЛЮЦИЯ. ВСЕ ИЗ НИЧЕГО 12+
ТВ ПРОГРАММА
TABULA RASA 12+
close

Абон 95 азы æххæст кæны зындгонд бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбеджы райгуырдыл

2.06.2023 19:31

Абон 95 азы æххæст кæны Советон Цæдисы Адæмон æмæ Уæрæсейы цирчы артист, зындгонд бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбеджы райгуырдыл.

Абон 95 азы æххæст кæны Советон Цæдисы Адæмон æмæ Уæрæсейы цирчы артист, зындгонд бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбеджы райгуырдыл. Бæхыл бадыны аивад ын бауарзын кодта йæ фыд, Мæскуыйы цирчы бæхты труппæ «Али-Бек»-ы бындурæвæрæг Хъантемыраты Алыбег. Æмæ уыд раззагдæрты æмрæнхъ. Ирбег бæхты спорты уыд Советон Цæдисы 5 хатты чемпион, ахъазыд æмæ трюктæ сæвæрдта 50 кинонывæй фылдæры.


Аивадуарзджыты зæрдæтæ йӕ бон фыццаг минуттæй  кæмæн уыд бацагайын, равдысты кæронмæ та сæ сцымыдис кæнын кафты алы хайæ дæр. Уыцы сусæгдзинад се ‘ппæтæн нæ уайы. Хъантемыраты Ирбегæн йæ хъæлæс уыцы-иу рæстæг уыд фæлмæн æмæ карз.  Йæ хорз хæлар – йæ бæх æй хорз æмбæрста, цы дзы домдта, уый.

Куыд манежы, афтæ царды мидæг дæр уыд хæларзæрдæ, алы адæймагмæ дæр йæ бон  уыд фæндаг ссарын. Уыд рæстуд æмæ иузæрдион. Йæ ахуыргæнинæгтæй та кæддæриддæр домдта куыстыл æнувыд уæвын æмæ макæй зæрдæхудты бацæуын.

Циркы артист, зындгонд бæхылбадæг. Йæ ном айхъуыст æгас дунейыл дæр. Афтæмæй та сценæмæ фыццаг хатт рацыд æнæнхъæлæджы. Йæ фыд æмæ йе ‘фсымæрæн хъуамæ уыдаид гастрольтæ, фæлæ йе ‘фсымæр æрбарынчын. Сценæмæ рахизынмæ баззад цалдæр сахаты.

Æфсымæртæй бæхыл бадын алкæмæй хуыздæр уад Ирбегæн. Ныллæг æмæ хæрзгонд, цымæ джигитовкæйæн райгуырд, афтæ.  Никуы фæллад йӕ куыстæй – афтæ йæ ахуыр кодта йæ фыд. Фыццаджыдæр та — хиуыл кусын.

Циркы артистты династийы ирд минæвар. Хъантемыраты труппæйы гастрольтæ канд Советон Цæдисы нæ цыдысты. Адӕм мӕм мингӕйттӕй  æнхъæлмæ кастысты Голланди, Германийы æмæ фæсарæнты æндæр горæтты. Ирбег труппæимæ æрзылдысты æгас Европæйыл. Уымӕй дӕр  иугай хӕттытӕ нæ. Цирк ын кæддæриддæр уыд йæ дыккаг хæдзар.

Уыдис æм бирæ цымыдисаг ног фæндтæ, цы трюктæ-иу рхъуыды кодта, уыдон та æнтыстджынæй æххæст кодта. Ирбег уыд фыццаг барæг, баст цæстытæй бæхыл бадгæйæ цæлхдурты сæрты чи агæпп кодта, уый. Йе сфæлдыстадон фæндаджы ис бирæ цымыдисаг хъуыддæгтæ.

Калоты Дзерассæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Агурæг I 19.09.2026
19.09.2026
Гвардия I 19.09.2026
19.09.2026
Таймураз Тускаев | По большому счёту!
18.09.2026
Транспортон æмæ хъазæн фæзты фарста. Турчы цæрæг ирæттæ фыдæлты зæххыл I Йæ рæстæгыл
18.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 18.09.2026
18.09.2026
Всемирный день безопасности пациентов, гастроли Липецкого театра драмы имени Л. Н. Толстого и актуальные новости недели | Самое время
17.09.2026
Балц Алагирмæ I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
17.09.2026
Хетаг Тебиев | Дело мастера
16.09.2026
Колка не прощает: уроки для будущего | Национальные интересы
16.09.2026
Выборы-2026. Дебаты. 16 сентября
16.09.2026
Цветочное утро I Доброе утро, Осетия!
16.09.2026
Покупка подержанной машины I Разбор полетов
15.09.2026
Врач-инфекционист Виктория Базаева I Профессиональный путь
15.09.2026
Йæ рæстæгыл I Ирыстойнаг хъомылгæнæджы уæлахиз æмæ ирæтты фембæлд кубæйаг чемпионимæ
15.09.2026
Дзиуаты Эльбрус æмæ Аллæ I Бинонтæ
15.09.2026
Все рекомендуемое