Уазджытыл традицимæ гæсгæ æмбæлынц цæхх æмæ кæрдзынимæ. Сывæллæттæ сæхи бæстонæй цæттæ кодтой, ирд, аив костюмты зарыдысты зарджытæ æмæ кастысты æмдзæвгæтæ. Кӕстӕр къорд ӕвдисы уырыссаг адæмы хъæздыг культурæ, сæ монон тых æмæ уазæгуарзондзинад.
Сывæллæтты Райгуырӕн зæхх уарзын ахуыр кӕнынц сабийæ фӕстӕмӕ. Уӕрӕсе у дунейы бирӕнацион бӕстӕтӕй иу. Ам ӕнусты цӕрынц 193 адӕмы хатты, уыдон дзурынц ӕртӕсӕдӕ ӕвзагыл ӕмӕ диалектыл, хъахъхъӕнынц традицитӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ. Астӕуккаг ӕмӕ хистӕр къорды сывӕллӕттӕ уазджыты зонгӕ кодтой Ирыстон ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары культурӕ ӕмӕ хӕринӕгтимӕ.
Бӕстӕйы ахсджиаг паддзахадон бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнынц фыццаг хатт. Уӕрӕсейы адӕмты ӕвзӕгты бон снысан кодтой Президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ. Бон хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстой. 8-æм сентябры райгуырд номдзыд поэт Расул Гамзатов. Йе сфӕлдыстад сси культурæты ‘хсæн бастдзинады символ.
Абоны бон мах хъуамæ кæрæдзийы æмбарæм, кæрæдзимæ кæсæм хæлар ахастдзинæдимæ. Æмæ уый сывæллæттæ дæр хъуамæ æнæмæнг уыной, хъусой сабибонтæй. Фæлæ, æнæмæнг, сæйрагдæр у бинонты ‘хсæн цы ахастдзинæдтæ ис, уый. Сывæллон бинонты ‘хсæн мадæлон æвзаг куы хъуса, уæд уарздзæн уыцы ныхас. Сывæллæтты рæвдауæндон цы хъæуа, уый кæндзæн, фæлæ фидар цæджындз бинонтæ.
38 скъолайы ахуырдзаутæ дӕр бацӕттӕ кодтой цымыдисаг программӕ. Фойейы сног ис историон цау. Ирон ӕрвыст лӕгтӕ, сӕ сӕргъы Магкаты Зураб, афтӕмӕй 1749-æм азы ацыдысты Петербургмæ. Дипломаттӕ даргъ фӕндаг сæххæст кодтой. Сæйраг сахармæ саккаг кодтой ӕртӕ ахсджиаг политикон хӕс сӕххӕст кӕнынмӕ. Ирыстоны бацыд Уӕрӕсейы скондмӕ, хохаг адӕмы быдырмӕ ракæнын, базарады ӕмӕ ӕрзӕткъахӕнты рӕзт.
Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты ӕмбырды сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Черчесты Зӕринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕ бӕстӕйы адӕмты культурон бынтӕ, ӕвзаджы хицæндзинæдты тыххӕй зонындзинӕдтӕ парахат кӕнын фидар кӕны нациты ‘хсӕн иудзинад.
Ныртæккæ архайынц, цæмæй ферох кæнæм нæ истори, нæ æвзæгтæ, цæмæй нæ уидæгтæ æмæ гуырæнтæй фæиппæрд уæм. Мæнæ ахæм мадзæлтты ахадындзинад стыр у. Сывæллæттæ ахæм мадзæлтты куы архайой, уæд, æнæмæнг аргъ кæндзысты Райгуырæн бæстæйæн, се взагæн. Кад кæндзысты иннæ адæмты культурон хæзнатæн. Афтæмæй та аргъ кæндзысты æгас дунейæн æххæстæй.
Абон бӕстӕйы ӕппӕт скъолаты дӕр сывæллæттæ фыстой диктант — “Уӕрӕсе – адӕмты хӕдзар”. Рухстауӕн акци сбастой Уӕрӕсейы историйы адӕмты ӕвзӕгты боны бӕрӕгбонмӕ.
Æппæтуæрæсеон глобалон диктант. Йæ архайджытæй йæ æнтыстджынæй чи ацæуа, уыдон райсдзысты архайæджы сертификат. Абоны мадзæлтты сæйраг нысан у бæстæйы адæмты иудзинад парахат кæнынæн. Алы адæмты культурæ базонынæн æмæ нациты ‘хсæн хæлардзинад байтауынæн.
Бӕрӕгбоны сӕйраг нысан — алы ӕвзаг ӕмӕ диалекты статус фидар кӕнын, нацийы культурон коды сын сӕ ахадындзинад фæнысан кӕнын, сӕ сахуыр кӕнынӕн ӕмӕ бахъахъхъӕнынӕн ӕппӕт фадӕттӕ саразын.
















