Абон сæ профессионалон бæрæгбон бæрæг кæнынц царды уæззау уавæры алкæддæр æххуысмæ цæттæ чи у, уыдон. Социалон кусæджы бон æрвылаз фæбæрæг кæнынц 8 июны. 325 азы размæ Петр I йæ бадзырдæй бындур сæвæрдта социалон хъахъхъæнынады паддзахадон системæйæн. Ахсджиаг æмæ хъæугæ къабазы кусджытæн арфæ ракодта Сергей Меняйло. Социалон кусæджы фæллой домы стыр быхсондзинад, бæрнондзинад æмæ зæрдиаг архайд, фæнысан кодта республикæйы сæргълæууæг.
Сергей Меняйло радта паддзахадон хæрзиуджытæ. Уыцы иу рæстæг алы кусæндæтты специалисттæ райстой “Цæгат Ирыстоны адæмы социалон хъахъхъæнынады сгуыхт кусæджы” ном. Республикæйы парламенты кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ та радтой Тускъаты Таймураз æмæ фæллой æмæ социалон райрæзты министр Абайты Юрий. Уый фæстæ Фæсивæды галуаны ацыд бæрæгбоны концерт. Цæгат Ирыстоны ис 3 мин социалон кусæгæй фылдæр. Уыдон æххуыс кæнынц пенсиисджытæн, ветерантæн, бирæсывæллонджын æмæ æххуысцух бинонтæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн.
















