Дзæуджыхъæуы цалдæр бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ саив кодтой сæрмагонд программæйы фæлгæты. Фæлæ цæрджытӕ куыстыты хæрзхъæддзинадæй разыйæ нæ баззадысты. Кæцыдæр бацæуæнты цур нæй, йе`нæниздзинад хъыгдæр кæмæн у, уыдонæн сæрмагонд схизæнтæ, нæй дзы бадæн бынæттæ дæр. Кæмдæрты та куыстытæ, уæвгæ дæр, æрдæгкондæй баззадысты. Адæмон фронты минæвæрттæ цæрджыты курдиаты фæдыл рацыдысты уавæр сбæрæг кæнынмæ.
Ацы хæдзары алывæрстæ хæрзаив æмæ райдзаст схонæн нæй. Хæдзары кæртмæ зилын райдыдтой сентябры райдиан. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ æххæстгæнæг куыстуат фæндаджы уæлцъар раивынæй,ног бадæнтæ, бырондæттæ æмæ уынджы цырæгътæй зæрдæ бавæрдта. Дарддæр фæндæгтæ скъахтой, кæмдæрты дзы хуыр æркалдтой. Уыйадыл куыстытæ фесты. Цæрджытæ хорз цардмæ бæллгæйæ алыхуызон бæрнадтæм фæцыдысты, бакъахдзæф кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы къæсæрæй дæр.
Аразджытæ ног машинæты лæууæндоны дур дурыл дæр нал ныууагътой. Цæмæй ацы объект ам фæзына, ууыл кæддæр цæрджытæ сæхæдæг бацархайдтой. Уæвгæ ацы фæзуат цалцæггæнæн куыстытæ хъуаг нæ уыд. Уæдæ цалдæр боны разæ ацы зæххы хайæн йæ уавæрмæ æркæсынмæ æрбацыд цæрæнуæттæ-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл парламенты комитеты сæрдар Остаты Георгий. Уый фæстæ та, иннæ бон арæзтадон куыстытæ ногæй сæ тæмæны бацыдысты. Цæрджытæ ацы куыстытæм кæсгæйæ сæ цин не`мбæхсынц, фæлæ тæрсынц, уазæлтты тыххæй куыстыты хæрзхъæддзинад куы фæцуда, уымæй. Бхатыдысты Адæмон фронты минæвæрттæм.
Егъау ногдзинæдтæ къухы бафтыд Весенняяйы уынджы 7-æм хæдзары фыццаг корпусы дæр. Фæлæ цæрджытæ куыстыты хæрзхъæддзинадæй разыйæ нæ баззадысты. Цалцæггæнæн куыстытæ æрдæгмæ скодтой. Зæххы цъар раивтой ранæй-рæтты, уæдæ ног бадæнтæ дæр сæвæрдтой æвзаргæ бынæтты. Уæдæ йе`нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыдонæн та ис æрмæстдæр иу бацæуæн.
Ахæм уавæр ма ис Московская уынджы 44-æм хæдзары. Ам дæр фæндаг æххæстæй не`сцалцæг кодтой, уæдæ бырæттæм та æвнæлд дæр нæ уыд. Цæрджыты ма ноджы тыхсынц, куыстыты фæстæ цы арæзтадон бырон баззад. уымӕй.
Адæмон фронты минæвæрттæ сбæлвырд кодтой, программæ «Благоустройство городских территорий»-йы фæлгæты цы объекттæ цалцæггонд цæуынц, уыдоны уавæр. Цы уагхæлдтытæ сбæрæг котой, уыдон фехъусын кæндзысты Дзæуджыхъæуы администрацийы. Дарддæр сæ хъус дардзысты, куыд иуварсгонд цæуыдзысты, уымæ.
















