Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ Михайловскæйы хъæуы хæдзæрттæй иуы скодтой радон басгæрст. Хæдзары газы баллонæй кæй пайда кæнынц, уый тыххæй бахъаст кодта быноттон цæрджытæй иу. Ацы бирæуæладзыгон хæдзары адæм куы рцардысты, уæд дзы газуадзæн системæ не скодтой. Уæдæй фæстæмæ рацыд 35 азы.
Цæрджытæ ма ныр дæр афтæ цæрынц, уавæр нæ ивы. Уымæ гæсгæ сæ хъæуы пайда кæнын, электрон тыхæй чи кусы ахæм, мигæнæнтæй, кæнæ та газы баллонтæй. Тæссаг кæй у, уый сæхæдæг дæр æмбарынц. Куыд æмбæлы, афтæ дзы куы нæ архайой, уæд йæ бон срæмудзын дæр у.
Иу æмæ дыууæ хатты нæ фыстой, куырдтой цæмæй сын скæной газуадзæн системæ. фæлæ ницы. Профилактикон басгæрсты кæронбæттæны адæм зæрдæ бавæрдтой, газы баллæтæй кæй нал пайда кæндзысты, уымæй.
















