preloader
сейчас в эфире
00:30
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Æндæр ран хъæлæс кæнынæн бар

31.01.2018 16:53

Нæ фидæн кæмæй аразгæ уыдзæн, уый равзарын алкæмæн дæр йæ хæс у. Президенты æвзæрстытæм нымадæй 2 мæйæ къæддæр баззад. Фæлæ арæх афтæ рауайы, æмæ бирæтæ уыцы бон, кæм цæрынц, уыцы ранæй дард вæйынц.

Нæ фидæн кæмæй аразгæ уыдзæн, уый равзарын алкæмæн дæр йæ хæс у. Президенты æвзæрстытæм нымадæй 2 мæйæ къæддæр баззад. Фæлæ арæх афтæ рауайы, æмæ бирæтæ уыцы бон, кæм цæрынц, уыцы ранæй дард вæйынц. Чи сæ улæфынмæ ацæуы, чи та куысты фæдыл æндæр горæты балæууы. Адæймаджы æнцондзинадæн ацы хъуыддагæн дæр мадзал ссардтой. Цавæр, уый радзурдзæн нæ уацхæссæг Гогаты Марат.

Абонæй фæстæмæ, кæй хъæуа, уыдонæн фадат ис æндæр ран схъæлæс кæнынæн бардæттæг æвдисæндар райсынæн. Æрмæст æй хъæуы нæ республикæйы бирæвæрсыг центртæй иумæ курдиат бахæссын.

Цæгат Ирыстоны бирæвæрсыг центрæн 13 филиалы ис. Æвзæрстытæм æвдисæндар райсын кæй хъæуы, уыдонæн байгом кодтой хицæн рудзгуытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй уал сæм бирæ адæм нæ цæуы. Фæлæ иу къуырийы фæстæ курдиæттæ дзæвгар фылдæр уыдзысты. Уæвгæ, æвдисæндар райсынæн бирæ нæ хъæуы – центрмæ паспортимæ æрбацæуын, консультантæн дæ фæнд бамбарын кæнын æмæ дарддæр хъуыддаг æнцонтæй ацæуы.

Æвзарæг хъæугæ гæххæтыттæ бафыссы, снысан дзы кæны йæ ном, йæ мыгкаг, кæм уыдзæн æвзæрстыты бон æмæ цæуылнæ йæхт бынаты. Уый фæстæ йын раттынй уыцы гæххæттæн йæ къопи мæнæ ахæм маркæимæ. Æвзæрстыт бон куы рбацæуы, уæд ай руаджы хъæлæс кæныны бар ын уыдзæн.

Æндæр ран схъæлæс кæныны тыххæй курдиат ныфыссæн ис территориалон æвзарæн къамисы дæр. Сæ иу абон байгом Октябрыхъæуы. Хæбæлаты Владислав цæры Алагиры, кусгæ та кæны Октябырыхъæуы. 18 мартъийы, æвзæрстыты бон ын гæнæн нæ уыдзæн, кæм цæры, уырдæм схъæлæс кæнынмæ ацæуын.

Цæрджыты æнцондзинадæн ма курдиæттæ бадæттæн ис интернетæй дæр. Æппæт хи бæрæггæнæнтæ ныфыссын хъæуы паддзахадон лæггæдты сайты. Уæд сæ центрмæ æмæ къамисмæ цæуын дæр нал бахъæудзæн. Сайты йын снысан кæндзысты сæрмагонд код. Æвзæрстыты бон кæм уа, уыцы участочы йын электрон код зæгъгæйæ бар уыдзæн схъæлæс кæнын. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ æндæр ран хъæлæс кæнынæн бардæттæг æвдисæндар райсæн ис 13 мартъимæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Анастасия Стукалова I Дело мастера
18.11.2026
Нигер I ДОК
18.11.2026
18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
18.11.2026
Студентты æппæтадæмон бон, ансамбль «Алан»-ы гастрольтæ æмæ Бирæгъты Къостайы мысгæйæ | Йæ рæстæгыл
17.11.2026
17.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
17.11.2026
16.11.2026 I Самое время
16.11.2026
18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
16.11.2026
Илья Габараев I На все времена
14.11.2026
Цораевы I Семья
14.11.2026
Прикосновение к истории I Гвардия
14.11.2026
14.11.2026 I Кувæг Ир
14.11.2026
14.11.2026 I Традиции веры
14.11.2026
Алина Касабиева | По большому счету
13.11.2026
Тетцойты Юрий | Хæдзарадон
13.11.2026
13.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
13.11.2026
Все рекомендуемое