Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад хъусын кæны, Краснодары крайы æмæ Цæгат Кавказы республикæты хæхты зæйтæ рацæуынæй тæссаг кæй у. Ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ цæмæй, сæхи хъахъхъæной хæхтæм `ввахс фæндæгтыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй хæхты фæхстыл æрæмбырд уыдзæн бирæ мит. Краснодары край, Адыгейæ æмæ æнæхъæн Цæгат Кавказы уавæр сæ хуыздæртæй нæ уыдзæн. Куыд зæгъынц, афтæмæй, гæнæн ис, æмæ хъыгдард баййафой хæдзæрттæ æмæ административон бæстыхæйттæ. Электрон тыхы телтæн тæссаг уыдзæн аскъуынынæй. Фæндæгтæ уыдзысты бырынцъаг, хæдтулгæты хицæутты хъæудзæн уæлдай къæрцхъус уæвын. Ирвæзынгæнджыты Хуссар Федералон зылды службæйы куы хъусын кæнынц, афтæмæй уал ныридæгæн Цæгат Кавказы хæхты æрцыд 200 зæйы. Æмæ мæнæ ныртæккæ куыд базыдтам, афтæмæй Уæллаг Ларсы фæндаг 10 минуты размæ сæхгæдтой уæзласæн машинæтæн. Фæндагыл цæуджытæ цæмæй ма стыхсой, уыйтыххæй сын бынаты аразынц цардыуаг æххæстгæнæн уавæртæ.
Миты зæйтæй тæссаг у
31.01.2018 16:46
Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад хъусын кæны.
Читайте также
Все новости
Темы
#Æхсæнад#Aрӕзтад#Ахуырад#Ахуырад#Беслæны теракты 20-æм афæдзы бон#ЖКХ#Кондад#Криминал#Культурæ#Медицинæ#Наукæ#Общество#Политикæ#СВО#Спорт#Технологитæ#Транспорт#Туризм#Хъӕууон хӕдзарад#Цаутæ#Экологи#Экономикæ
Рекомендуем
Анастасия Стукалова I Дело мастера
18.11.2026

Нигер I ДОК
18.11.2026

18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
18.11.2026

Студентты æппæтадæмон бон, ансамбль «Алан»-ы гастрольтæ æмæ Бирæгъты Къостайы мысгæйæ | Йæ рæстæгыл
17.11.2026

17.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
17.11.2026

16.11.2026 I Самое время
16.11.2026

18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
16.11.2026

Илья Габараев I На все времена
14.11.2026

Цораевы I Семья
14.11.2026

Прикосновение к истории I Гвардия
14.11.2026

14.11.2026 I Кувæг Ир
14.11.2026

14.11.2026 I Традиции веры
14.11.2026

Алина Касабиева | По большому счету
13.11.2026

Тетцойты Юрий | Хæдзарадон
13.11.2026

13.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
13.11.2026

Все рекомендуемое

