Объект æмбисмæ фæцæттæ кæны. Ныртæккæ аразджытæ бетонæй фидар кæнынц былгæрæттæ. Галиуварс архайд куы фæуа,
уæд рахиздзысты рахизы ‘рдæм. Рацарæзты фæстæ донивылдтæй тæссаг нал уыдзæн. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй дон хиды бындур нал фехалдзæн. Раздæр ахæм технолгитæ нæ уыд. Зæронд хид банымадтой тæссагыл. Райхæлдтой йæ æмæ февралы бавнæлдтой йæ аразынмæ. Ног хид лæууы 10 фынддæсметрон цæджындзтыл.
Проекты аргъ у 60 млн соммæ ‘ввахс. Ног хиды дæргъ у 12 метры, йæ уæрх – 9. Фæндаг раздæрау уыдзæн дыууæтæлмон, фистæгдзæуджытæн дзы фæзындзæн тротуар. Ныр цæугæдоны сæрты уыдзæн æдасæй хизæн. Специалисттæ дарддæр кæндзысты лыстæг куыстытæ. Хъæуы ма сæ асфальт æмæ гæрæнтæ сæвæрын, базилын бацæуæнтæм.
Хæххон цæугæдон Бадзийы комы дон специалисттæ рæстæгмæ ауагътой æртæ хæтæлы уылты. Афтæ арæзтадон фæзуаты сæ бавналæнтæ фæуæрæхдæр кодтой. Рацарæзт куы сæххæст кæной, уæд дон раздахдзысты раздæры донвæдмæ. Гæххæттытæм гæсгæ Алагир-Црау-Урсдоны фæндаджы хид хъуамæ сцæттæ уа 1-æм декабры онг. Фæлæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæуыдзысты æмгъуыдæй раздæр. “Цардæн инфраструктурæ”-мæ гæсгæ объект раттынвæнд кæнынц сæрды.
















