Мызуры бирæфатерон хæдзæртты бахизæнтæ быроны бын фесты, æвгæнæн клапæн фæлхæрттимæ сæмхæццæ кæнæн зын нæу, тæф æмæ лыстæг цæрæгойты кой кæнын та уæвгæ дæр нæ хъæуы — уæлдай тынгдæр тыхсынц фыццæгæм уæладзыджы цæрджытæ. Бырон ласыны хъуыддаг цыма рох фæкодтой, чи зоны та йæ æппындæр мысгæ дæр не ркодтой, афтæ. Фæстаг хатт сæрмагонд хæдтулгæ бынаты федтой 7 августы, дыууæ къуырийы размæ, афтæмæй та бадзырдмæ гæсгæ фæлхæрттæ æппынкъаддæр къуыри 3 хатты ласой. Раст чи у æмæ зылын чи у, уый æвзарын цæрджытæ бафæлладысты.
Быроны контейнер йæ былтæй акалд, хæтæл дæр дзаг кæны, æвæццæгæн ныр дыккæгæм уæладзыджы онг схæццæ. Йæ быны котейнер лæууы, байдзаг вæййы æмæ бырон дарддæр цы фæуа, уый нал вæййы.
Дуапдæттæг ведомствæтæ аххос сæ кæрæдзимæ æппарынц, уæдмæ ууыл тыхсынц бынæттон цæрджытæ. Не сфæлдыстадон къорды фæрцы, хъуыддаг йæ бынатæй фенкъуысыд. Æрмæг куыд истам афтæ Мызурмæ ссыдысты специалисттæ. Хæдтулгæйыл поселочы цæрджытæ æхсызгонæй сæмбæлдысты. Фæлæ “ЭРА”-йы кусджытæ уавæр фæхуыздæрæй ныфс нæ бавæрдтой.
Разамындæттæг компани йæ хæстæ рæстмæ нæ æххæст кæны. Иу æмæ дыууæ хатты нæ хъаст кодтам, быроны бактæ æмбæлгæ уавæрыл кæй не сты, уымæй.
Бактӕ ӕнӕ цӕлхытӕй, куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уый уыд фарстайы бындур. Къухæй бырон хæссын кусджыты хæс нæу, контейнер хъуамæ ратул-батул кæна.
Фæлæ, кадрты куыд зыны, афтæ, уый æнцон хъуыддаг нæу. Разамынддæттæг компанийы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй бырон бирæ кæй ис, уый тыххæй цæлхытæ сæтгæ кæнынц. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, афойнадыл хауæццæгтæ куы ласиккой, уæд контейнертæ дæр æнæнхъæн уаиккой.
Бырондæттæ ахæм уæз нæ фæразынц, бырон афойнадыл куы ласиккой, уæд цæлхытæ дæр æнæхъæн уаиккой. Цæлхыттæ æппынæдзух ивгæ кæнæм. Уымæн нын ис документтæ, акттæ.
Документтæ æцæгдæр ис. Куыд рабæрæг, афтæмæй цæлхытæ фæстаг хатт ивтой апрелы. Бокойты Зæринæ дзуры, кæй фæлвæрдта æппæт инстанцитæм фæсидын, фæлæ дзуапп афтæ дæр нæ райста.
Фыццаг ыл цы цæлхытæ уыд, мах дæр ахæмтæ ссардтам, стырдæр цæлхытæ хъавыдыстæм сæвæрын, фæлæ сыл нæ бадынц.
Æнхъæл куыд уыдыстæм, афтæ разамындæттæг компани “Благо”-йы хæстæ æвæрынц регионалон оператор “ЭРА”-йыл. Хъуыддаг нæ рæстмæ кæны, йæ астæу та фесты бынæттон цæрджытæ.
Дыккаг уæладзыджы цæрын æмæ мæ бон рудзынг байгом кæнын дæр нæу, уæхæдæг æй æмбарут цæмæ уый. Мах бырон ласыны тыххæй фиддонтæ нал æххæст кæндзыстæм.
Уавæр фæбæлвырд кодтой поселочы администрацийы. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй фарстамæ сæ цæст дарынц.
Фӕлӕ уый хъуыддагыл куыд фӕзындзӕн – равдисдзӕн рӕстӕг. Ныр та уал не сфæлдыстадон къорды тыхтӕй бырӕттӕ бацӕуӕнтӕй уӕддӕр раластой.
















