Алагиры сывæллæтты аивæдты скъолайы хъомылгæнинæгтæ фыццагкъласонтæн равдыстой «Золушка» аргъау. Æппæт дунейы хъуыстгонд сюжет цæхæртæ скалдта ног ахорæнтæй. Алæмæты музыкалон номыртæ æрыгон аивадуарджыты зæрдæтæ балхæдтой.
Азæлыдысты этюдтæ Беренсы, Черны, Павлюченкойы фугеттæтæ æмæ Бахы прелюдитæ. Æвзæрст композициты руаджы алы персонаж дæр рауад цымыдисаг æмæ мидисджын. Спектакль æвæрдтой мæй æмæ ‘рдæг. Режиссёр – культурæйы сгуыхт кусæг Габолаты Альбинæ. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæн сфæлдыстады хи æвдисын у пайда.
















