Хуыцаубон Архонкæйы цæрæг чырыстон адæмæн уæлдай æхсызгон вæййы. Алчидæр сæ йæ бон райдайы Хуыцаумæ скувынæй. Фадат кæмæн ис, уый та ацæуы аргъуанмæ.
Ацы бон дæр райдыдтой фæткмæ гæсгæ, фæлæ ног ран. Аргъуанмæ æрбацыдысты æнæхъæн бинонтæй. Стыр бæрæгбон сын у — станицæйы сæрæзтой къниаз Александр Невскийы номыл кувæндон. Ацы цаумæ 80 азы æнхъæлмæ кастысты. Уæвгæ дзы кæддæр уыд, фæлæ йæ Советон рæстæджы фехæлдтой. Ныр æй сног кодтой. Æхцайы фæрæзтæй сæм тынг фæкаст сæ хъæуккаг, нæ республикæйы парламенты депутат Сæбанты Руслан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ хæсыл банымадта ацы арæзтадмæ йе `вæрæн бахæссын.
«Ацы хъуыддаг нын æнустæм баззайдзæн. Фæнды мæ, цæмæй ма аргъуаны дзæнгæрджыты зæлтæ бирæ азты хъуысой. Цæмæй ардæм цæуой, Хуыцаумæ кувой, кæрæдзимæ уой зæрдæхæлар. Цæмæй дунейы уа сабырдзинад», — загъы РЦИ-Аланийы Парламенты депутат.
Аргъуаны бæрæгбон зарджытæй райдыдта. Уый фæстæ æгъдаумæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг алчер Леонид райдыдта кадджын аргъуыдтæ.
Уый фæстæ уырнæг адæм сарæзтой дзуæрттимæ цыд. Дин æмæ сæ бæрæгбон æрбангом кодта. Адæмы хъуыдытæ, сæ бæллицтæ, сæ куывдтытæ иу уыдысты.
«Иу хатт дæр ма мæ фæнды Архонкæйы станицæйы цæрджытæн раарфæ кæнын. Мæ зæрдæ сын зæгъы сабырдзинад, æнæниздзинад, Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын уæнт æмæ сын æххуыссгæнæг уæд», — Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг алчер фыд Леонид загъта.
Абонæй фæстæмæ ахæм мадзæлттæ Александр Невскийы номыл аргъуаны арæзт цæудзысты æппынæдзух. Хæстæгдæр рæстæг дзы кусын райдайдзæн сауджын. Уый сбæлвырд кæндзæн мадзæлтты фæтк.
















