Аив у сæ къахайст æмæ уæнгты змæлд. Æрæджы нæ бæстæйы кафджыты къордтæ архайдтой «Сверхновая», зæгъгæ, æппæтуæрæсеон хореографион конкурс-премийы. Нæ фæсивæд дзы сæхи иттæг хорз равдыстой. Ансамбль “Цард” рамбылдта гран-при, “Беслæн”-ы æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ та райстой фыццаг бынат. Хуыздæрты хуыздæртимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.
Уæнгты аив айстæй, курдиаты цæхæрæй æмæ зæрдæйы ахастæй ансамбль “Цард” балхæдта жюрийы уæнгты. Фæсивæд сæ кафтæй сбуц кодтой æгас зал. Кулисæты фæстæ тыхстæй æнхъæлмæ кастысты бæрæггæнæнтæм. Хорз æй хъуыды кæнынц куыд тынг сæ фæндыд фыццаг бынат райсын. Æмæ сæ хъуыды сæххæст.
Ныййарджытæм сæвзæрд æхсызгон æнкъарæнтæ. Æппынæдзух сæ фарсмæ сты. Алы хъуыддаджы дæр сын æххуыс кæнынц, ныфс сæ бауадзынц. Сæхæдæг сын самал кæнынц костюмтæ, сæмбырд кæнынц æхцайы фæрæзтæ балцмæ ацæуыны размæ. Куыд радзырдтой, афтæмæй сын сæйрагдæр у сæ цоты цæстыты цæхæр уынын.
Сывæллæттæ хореографион залæй куы бахизынц, уæд бахауынц æндæр дунемæ. Ансамбль “Цард”-ы цы ахастдзинæдтæ ис, уыдон фидар кæныныл архайы педагог æмæ амонæг Боциты Светланæ. Сылгоймаг каст фæцис культурæйы институт Казаны. Фæлæ йæ дæсныйадмæ гæсгæ нæ куыста. Ахуыргæнæг сси æнæнхълæджы. Куыд радзырдта, афтæмæй уынгты æрцæйцæугæйæ йæ цæст æрхæцыд хъусынгæнинагыл бæстыхай хаццоны кæй дæттынц, уый фæдыл. Æмæ йæ бафæндыд бафæлварын. Афтæ хуымæтæг тезгъойы фæстæ Светланæ ансамблæн бындур сæвæрдта. Райдыдта 10 адæймагæй, ныртæккæ та сты сæдæйæ фылдæр. Къорд æппынæдзух архайы конкурсты, арæх рамбулынц, нæ республикæйы кад хъахъхъæнынц.
Хуыздæрæй хуыздæр разынд ансамбль “Беслæн” дæр. Пятигорскы ерысты фæсивæд бацахстой фыццаг бынат. Хореографион фæзты сæхицæн ном рагæй скодтой. Сæ хорзæхтæ дæр чысыл не сты. Размæ тырнын æмæ къорды кад бæрзонд хæссын ам нымайынц сæйрагдæрыл. Разамонæг Дудиаты Олег йæ хъомылгæнджытæй домы дисциплинæ æмæ куыстмæ уарзондзинад. Æрмæст афтæмæй ис æнтыстджын уæвæн.
Дзалаты Валерий къорды архайы 6 азы. Йæ ныййарджыты амынддзинадмæ гæсгæ æрбацыд. Йæхи нæ фæндыд, фæлæ фыццаг репетицийы фæстæ йæ хъуыды фæивта. Ныр йæ фылдæр рæстæг æрвиты хореографион залы. Йæхиуыл нæ ауæргæйæ кусы, тренировкæ кæны. Ныртæккæ Валерий у ансамблы солист æмæ йæ цард æнæ кафт уынгæ дæр нæ кæны.
Бирæ азты бæстон куыст, мин репетицийы æмæ кæронбæттæн равдысты. Алы ансамблæн дæр уыдон сты даргъ фæндаджы райдиан. Хореогрæфтимæ иумæ коллективтæ ныридæгæн цæттæ кæнынц радон ерыстæм. Уæлахизтæ сæ разæнгард кæнынц, уымæ гæсгæ фæсивæд сæхиуыл дывæрæй кусынц.
















