Форум райдайы ам, Хæххон аграрон университеты кæрты. Ахуыргæнæндоны факультетты студенттæ — агрономтæ, ветеринартæ æмæ æндæр дæсныйæдты минæвæрттæ — уазджытæн равдыстой сæ сæйраг архайд. Ацы ран та агротехкълæсты ахуырдзаутæ сæхæдæг æвдисынц сæ æнтыстдзинæдтæ æмæ цы куыст бакодтой, уый хатдзæгтæ. Беслæны 3-æм скъолайы агрокъасæнæн ма ис раст йæхи хъæрмуат дæр. Сабитæ дзы æнтыстджынæй фæллой кæнынц — уый та сын дæтты парахат практикон хъæууон-хæдзарадон зонындзинæдтæ.
Хъæугæ кусæнгæрзтæ скъолатæн балхæнынц инвестортæ. Ныртӕккӕ уал ӕххӕстӕй ифтонггонд сты 7 агрокъласы, æмæ ма ацы аз ног кусӕнгӕрзтӕ фӕзындзысты ноджы 7 скъолайы. Уӕвгӕ, ӕдӕппӕтӕй республикӕйы ис 40 ахӕм сæрмагонд къласы 21 скъолайы бындурыл.
Республикæйы фидæны агроахуырады райрæзты фарстатыл та æрдзырдтой регионты ‘хсæн фæсивæдон форумы сæйраг фæзуатыл. Архайдтой дзы уæлдæр ахуыргæнæндоны разамынд, скъолаты директортæ æмæ педагогтæ, Хъæууон хæдзарады министрады кусджытæ. Ныхас цыд амалхъомады, ахуырады æмæ хицауады æмархайдыл иумæйаг куысты.
Мин архайæгæй фылдæр æмæ 10 спикеры. Форум у стыр ахрайды хæйттæй иу, зæгъынц мадзаларазджытæ. Хæххон аграрон университет ма саразы агросменæтæ, лагерьтæ. Æппæт мадзæлттæ дæр ахъаз сты хъæууонхæдзарадон ахуырады бындурæн.
















