Советон композитор Арно Бабаджаняны номыл культурон-рухстауæг фондыл сæххæст 5 азы. Юбилей сбæрæг кодтой Вахтанговы номыл хæдзары. Мариинаг театры филиалы солисттæ акодтой Арно Бабаджаняны зындгонд эстрадон зарджытæ. Поэт Евгений Евтушенкойы зарæг «Не спеши», Роберт Рождественскийы зарæг «Благодарю тебя». Мадзалы кадджын уазджыты æхсæн уыд композиторы фырт, Арно Бабаджаняны Æппæтадæмон фонды президент – Араик Бабаджанян.
Концерты рæстæг ма скодтой Сомихаг аргъуаны фæндагамонæджы презентаци. Йæ автор у фонды аудæгты советы уæнг Мери Нерсисянц. Зындгонд композиторы номыл фонд Цæгат Ирыстоны сарæзтой 2019-æм азы. Йæ сæйраг хæс у – композитор цы культурон бынтæ ныууагъта, уыдон бахъахъхъæнын æмæ сæ парахат кæнын.
















