“Республикӕ Цӕгат Ирыстон – Аланийы паддзахадон ӕвзӕгты тыххӕй” закъон фидаргонд æрцыд 2-аг кæронбæттæн бакасты Парламенты 57-æм æмбырды. Ныр уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтӕй ӕхсӕнадон ахастыты пайда кӕныны барадон бындуртӕ фидаргонд ӕрцыдысты. Æмбырды куысты архайдта Сергей Меняйло дæр. Сæргълæууæджы хъæппæрисæй ма документ закъонæвæрынадон оргæнмæ æркæсынмæ бахастой сæрды.
Республикæйы сæргълæууæг ма бахаста ноджы иу закъоныпроект — Комсомольскæйæн «Æфсæддон Намысы цæрæн пункт»-ы кадджын ном раттыны фæдыл. Депутаттæ йæ райстой 1-аг æркасты. Комсомольскæйы хъæуæй фронтмæ ацыд 68 адæймаджы, æрыздæхт ма дзы æрмæст 12. Æрджынарæджы тохы рæстæг цæрæн бынатмæ бырстой 6 хатты. “Æфсæддон Намысы цæрæн пункты” ном ма ратдзысты Æрыдон æмæ Мæздæгæн.
Пленарон æмбырды рæстæг ма сфидар кодтой “Республикæйы Адæмон ахуыргæнæджы ном”. Дæтдзысты йæ ахуырадон системæйы рæзты æмæ парахат кæныны стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй. Кадджын ном райсынмæ курдиат бадæттæн уыдзæн республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг, кæнæ ахуырады кусæджы ном куы райсой, уымæй 10 азы фæстæ.
Дзырдтой æнæниздзинад хъахъхъæныны тыххæй дæр. Фадат фæзындзæн республикæйы егъаудæр дзæбæхгæнæн кусæндæттæн финансон æххуысæн. Парламентаритæ ивддзинæдтæ бахастой “Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон бюджеты” закъоны проектмæ 2026-æм æмæ фидæны дыууæ финансон æмгъуыдмæ.
Муниципалон сахаты фæлгæты дзырдтой Æрæфы районы социалон-экономикон рæзты тыххæй. Ацы аз 8 мæймæ бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 538 милуан сомы, хæрдзтæ та – 492 милуаны. Æрæфы районы сæргълæууæджы 1-аг хæдивæг Махъоты Сосланы ныхæстæм гæсгæ сæйраг фарста у медицинон кадртæй цухдзинад. Фарста аиуварс кæнынмæ хъавынц Цæгат Ирыстоны медицинон академиимæ æмгуыстад æмæ программæ “Хъæууон дохтыр”-ы фæрцы. Уымæй уæлдай ма афæдзы кæронмæ фæнд кæнынц Хæзныдоны фелсырон-акушерон пункт сцалцæг кæнын.
















