preloader
сейчас в эфире
22:36
ДНИЧНЫЙ КОНЦЕРТ К 81-Й ГОДОВЩИНЕ ПОБЕДЫ В ВОВ 12+
Смотрите Далее
23:20
БИТВА ЗА ВЛАДИКАВКАЗ 16+
ТВ ПРОГРАММА
ДНИЧНЫЙ КОНЦЕРТ К 81-Й ГОДОВЩИНЕ ПОБЕДЫ В ВОВ 12+
close

Ацы къуыри ирон адæмæй бирæтæ бæрæг кæнынц Уациллайы бæрæгбон

23.06.2026 18:01

Бирӕ мыггӕгтӕ — фӕлӕ иу иумӕйаг æгъдау. Хурхӕтӕны мӕй Дӕргъӕвсы ком иу уырнындзинадӕй фæулӕфы, бӕрӕгбоны фынгтыл та ӕнусты сæрты хъуысынц хистӕрты куырыхон куывдтытӕ Уациллайы номыл. Ламардоны дæнцæг бӕлвырд кӕны: традициты цардӕгас ӕндах нæ ‘скъуыйы. Ӕмӕ цалынмӕ нæ кæмтты “фыдӕлты ныхас” зæла, уӕдмӕ рагон мӕсгуытӕ дæр хъахъхъæндзысты ирон лæджы.

Æфсинтæ лæп-лæпгæнаг æртæдзыхæттæ иу иннӕйы фӕдыл пецӕй исынц. Дзампаты фыдӕлты хӕдзары абон — хъарм дзул, хӕдзарон цыхт ӕмӕ бӕгӕныйы хæрздӕф. Тызмӕг дзуары номыл къæбæр-иу раздæр кодтой ӕдзӕмӕй, сӕ цӕсгӕмттӕ ӕмбӕрзтой хъуымацӕй — тарстысты зӕххон комытӕфӕй сыгъдæг хойраг фӕчъизи кӕнынӕй. Абон ахӕм карз æгъдауыл стӕм хатт сӕмбӕлдзынӕ, фӕлӕ уды сыгъдæгдзинадмæ цы ахаст уыд, уый ӕнӕивгӕйӕ баззад.

Алы бинонтæ дæр-иу кæддæриддæр сæ кувинæгтæ Уациллайы кувæндонмæ ахастой. Дзуары бынмæ бацæуыны бар — æрмæст дзуары лæгæн. Зæгъгæ йæм æнæ хъуыддагæй чи ссæуа, уымæн æй нæ ныббардзæн, адæймаджы бакуырм кæндзæн. Бæрæгбоны-иу уым къусы дзаг бæгæны сæвæрдтой. Кæд афæдзмæ нæ фæкъаддæр, уæд амондджын аз уыдзæн. Дзуары лæг-иу къус фæстæмæ байдзаг кодта, йæхæдæг-иу куывддзаутимæ хъæумæ рацыд æмæ-иу адæмæн хабар фехъусын кодта.

Æгъдау — фыдæй фыртмæ. Лӕппутӕ ӕххуыс кӕнынц кусарт кӕнын. Кусæрттагæн уал цæхх раттынц. Иæ сæр ын артмæ бадарынц — фӕздӕг уæларвмæ фæхæсдзæн — нывонд æрцыд хаст, зæгъгæ. Рагон таурӕгъмӕ гӕсгӕ, цӕргӕс уацарӕй фервӕзын кодта фыййауы ӕмӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ам, Тбау хохы раз кувой. Уациллайæ курынц амондимæ хорз тыллæг æрзайын кæнын æмæ сисын. Цæмæй ма уара их, хызт уой тæрккъæвдатæй — æрмæстдæр быдырæн фæлмæн уарынтæ.

Фӕстӕдӕрмӕ аргъӕвынц тӕккӕ ӕвӕстиат фарстатӕ дæр. Адӕм се ‘рвылбоны куыстытæ ныууадзынц ӕмӕ бӕстӕйы алы къуымтӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй рагон æгъдау сæххæст кæной.

Ирыстонӕй дард чи цӕры, уыдон дæр Тбау-Уациллайы къуыри фæбæллынц нæхимæ сæмбæлынмæ. Стыр сахартӕ ныууагътой ацы аз дæр ӕмӕ тагъд кӕнынц сӕ райгуырӕн коммӕ, кӕддӕр сӕ фыдæлтæ куывдтӕ кӕм кодтой, уырдӕм.

Ацы бонты хохы фахс ӕнӕхъӕнӕй дӕр свӕййы мыггæгты стъалыбардзау, алкæмæн сæ — йæхæи истори. Зæгъæм, гыццыл уæлдæр ӕрӕмбырд сты Доййатæ. Нӕлгоймӕгтæ чысылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнынц сӕ фыртты ирон сӕрыстырдзинад ӕмӕ уӕздандзинадыл.

Ам сыхæгты ‘хсӕн, зӕгъӕн ис, ӕмӕ арӕнтӕ нӕй, хӕларӕй цӕрынц бирӕ ӕнусты дӕргъы. Бӕрӕгбонты рæстæг баиу вӕййынц стыр бинонтау.

Бирӕ мыггӕгтӕ — фӕлӕ иу иумӕйаг æгъдау. Хурхӕтӕны мӕй Дӕргъӕвсы ком иу уырнындзинадӕй фæулӕфы, бӕрӕгбоны фынгтыл та ӕнусты сæрты хъуысынц хистӕрты куырыхон куывдтытӕ Уациллайы номыл. Ламардоны дæнцæг бӕлвырд кӕны: традициты цардӕгас ӕндах нæ ‘скъуыйы. Ӕмӕ цалынмӕ нæ кæмтты “фыдӕлты ныхас” зæла, уӕдмӕ рагон мӕсгуытӕ дæр хъахъхъæндзысты ирон лæджы.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Поэзийы театр æмæ балалайкæйы бон I Йæ рæстæгыл
23.06.2026
Разбор полетов I 23.06.2026
23.06.2026
Куырттаты ком I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
23.06.2026
Фæрниаты Райæ I Фæрдгуытæ
22.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 2: врачевание на Кавказе, поздняя бронза – раннее железо / Ossetica
22.06.2026
22.06.2026 I Самое время
22.06.2026
Поиск себя I Доброе утро, Осетия!
22.06.2026
«Булат» | К 90-летию Булата Газданова
21.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 21.06.2026
21.06.2026
В итоге: 21 июня
21.06.2026
Гвардия I 20.06.2026
20.06.2026
Северная Осетия в Великой Отечественной Войне I Ход истории
19.06.2026
Фосы куыст I Хæдзарадон
19.06.2026
Адæмыхæттыты `хсæн буллинг, ирыстойнаг проект «Три столицы» æмæ сывæллæтты футболы Бон | Йæ рæстæгыл
19.06.2026
Нартский эпос — великое наследие нашего народа | Доброе утро, Осетия!
19.06.2026
Все рекомендуемое