Æппæт бæстæйы цæттæ кæнынц Уæлахизы бонмæ. Регионты райдыдтой парадмæ репетицитæ аразын. Афтæ – Цæгат Ирыстоны дæр. Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады фæзы сæумæрайсом 58-æм æфсады хайæдты службæгæнджытæ – парады архайджытæ – кадджын цыдæй рараст сты. Æдæппæтæй 2 минмæ ввахс адæймаджы. Парады архайдзæн æфсæддон техникæйы 44 иуæджы дæр. Равдисдзысты ма дзы нырыккон хæцæнгæрзты хуызтæ. Се `хсæн бирæвæрсыг хæдтулгæ «Тигр»-тæ. Уымæй уæлдай ма ракетон комплекс «Искандер-М».
Уый 58-æм æфсады ивгъуыд азы фæзынд. Ацы аз парады фыццаг хатт архайдзæн. 3 генералон репетицийы сараздзысты 3-æм, 5-æм æмæ 7-æм майы. Уымæй уæлдай ма æфсæддонтæ архайдзысты Цхинвалы бæрæгбоны кады мадзæлтты.
















