Балтайы дондзæуæны бындурон рацарæзты рæстæг специалисттæ баивдзысты хæтæлты 7 километры. Уый донæй æххæст кæны Дзæуджыхъæуы рахизфарсы хайы объекттæ. Уый тыххæй хъусын кæны Сергей Меняйло. Зæронд хæтæлтæ æвæрд æрцыдысты 70 азы размæ, уæдæй нырмæ ноггонд нæ уыдысты. Сæргълæууæг ма бафтыдта, 2025-æм азы Цæгат Ирыстоны сног кодтой заууат хæтæлты 50 километры. Ног дондзæуæнмæ баиу кодтой Октябрьскæ, Черменыхъæу, Дачное, Куырттат æмæ Камбилеевкæ. Уыимæ ма сног кодтой Михайловскæйы донæмбырдгæнæн, уыд аварион уавæры. Рацарæзт цæуы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы къабазы куыстуæтты райрæзты пилотон проекты фæлгæты.
















