Беслæны базарадон-экономикон колледжы студенттæн хæринаггæнæджы дæсныйады сусæгдзинæдтæ базонынæн фæзынд ног гæнæнтæ. Фæсивæд архайдзысты «ВорлдСкилз»-ы домæнтæ дзуапдæттæг фæзуатыл. Пецтæ, мигæнæнтæ, уазалгæнæнтæ — алцыдæр ног. Фæлтæрдджын ахуыргæнджыты æххуысæй хæрзад хæринæгтæ скæнынц ныр дæр. Ног лаборатори бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд.
Ахуырадон лабораторийы куыст иу уысм дæр не ‘рлæууы. Фидæны хæринаггæнджытæ, сæ ахуыргæнджытимæ иумæ, цæттæ кæнынц зындгонд хæринæгтæ. Эксперт æппæт лыстæгдзинæдтæ дæр равдисы, фæлæ æрмæст иу хатт. Дарддæр сæ фæсивæд хъуамӕ æнæаиппæй рафæлхатой.
Беслæны базарадон-экономикон колледжы студенттæ хæрзад хæринæгтæ кæнын сахуыр вæййынц, практикон ахуырты уæвгæйæ. Уый тыххæй сын æппæт хъæугæ гæнæнтæ дæр ис. Нырыккон домæнтæн дзуапп чи дӕтты, ахӕм пецтæ, уазалгæнæнтæ, хыссæзмæнтæн мигæнæнты руаджы ахуыртæ цæуынц бæрзонд æмвæзадыл. Ивддзинæдтæй разы сты куыд ахуыргæнджытæ, афтæ фæсивæд сæхæдæг дæр.
Хæринаг кæнгæйæ студенттæ æрымысынц ног рецепттæ. Дыккаг курсы студенткæ Ланнæ, хыссæ æвдулгæйæ, уыцы иу рæстæг хъуыды кæны, цы дзы скæндзæн, ууыл. Хæринаггæнæг суыдзæн, уый сабийæ бамбæрста. Уæдæ дæсныйады дæр йæхи фæлварын гыццылæй райдыдта.
Хæринаггæнджыты ног лабораторийæн аккаг аргъ скодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ дæр.
Фидæны фæсивæды фæнды дæсны хæринаггæнджытæ суæвын. Ног лабораторитæ та регионы арæзт цæудзысты дарддæр дæр. Зæгъæм, ноджыдæр ма иу байгом уыдзӕн иннæ аз Беслæны.
















