Дзæуджыхъæуы тымбыл стъолы фæлгæты æрдзырдтой хурæнгæс сабитæ æмæ сæрмагонд инклюзивон ахуырады фарстатыл. Мадзал сбастой Дауны синдромы тыххæй зоныны мæимæ.
Республикæйы скъолаты хурæнгæс сывæллæттæн ахуыр кæнынæн фæнд кæнынц æппæт хъæугæ фадæттæ саразын. Уæлдай æргом аздæхтой 18 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдонæн куысты ныллæууыны хъуыддаджы баххуыс кæнынмæ. Дзырдтой æрмадзтæ саразыныл, уым-иу адæм нод дæсныйадыл фæцалх уыдзысты.
















