Битарты Вячеславæн ма кусæг фембæлд уыдис Кировы районы админитсрацийы сæргълæууæг Нæкуысаты Барисимæ. Дзырдтой социалон-экономикон райрæзты хъуыддæгтыл.
Хицæн ныхасы аккаг систы, Змейкæйы станицæйы адæмимæ фембæлды рæстæг Битарты Вячеслав цæуыл ныхас кодта, уыдон. Фембæлды ма се `ргом аздæхтой зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæм, Кировы район национ проектты куыд архайы, уымæ, стæй экологон уавæрмæ. Сæрмагондæй ныхас кодтой амалхъомдзинады рæзтыл æмæ культурæимæ баст хъуыддæгтыл. Бæлвырд куыд у, афтæмæй 2020-æм азмæ Иран, Ставд-Дурты æмæ Елхоты хъуамæ саразой культурæйы ног хæдзæрттæ. Хъахъхъæдуры та йæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты.
Афтæ ма хъуамæ фæхуыздæр кæной ахуырадимæ баст куыст дæр. Елхот æмæ Змейкæйы уый фæдыл сывæллæтты рæвдауæндæтты цур сараздзысты уæлæфтуантæ, Кæрдзыныхъæуы та рæвдауæндоны нысанимæ ахæм уæлæфтуан баиу кæндзысты скъоламæ. Фембæлды кæронбæттæны Битарты Вячеслав бузныг загъта Нæкуысаты Барисæн йæ ахадгæ куысты тыххæй.















