Аивады ӕвзаг æнæ ныхасæй дæр ис бамбарæн, уӕлдайдӕр мады уарзт ӕмӕ хæлардзинадыл куы цӕуа ныхас, уӕд. Бруты культурæйы хæдзары театралон къорд радон хатт равдыста йæ бæрзонд æмвæзад. Республикон фестиваль”Амыраны рухс”-æй уыцы иу рӕстӕг æрластой дыууӕ ахсджиаг уӕлахизы. Хистӕр къорд жюрийы тӕрхонмӕ рахаста аууӕтты театр. Хъӕуы фæсивæдæн куыд бантыст дӕсгай ерысгæнджыты иувӕрсты ахизын — нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ радзурдзӕн.
Бруты культурæйы хæдзары театры сфæлдыстадон æркастыты уæлахизы бынӕттыл рагæй сты ахуыр. Коллектив “Худæджы дзæкъул” алы аз дӕр сбӕлвырд кӕны: хъӕууон театрæн, йӕ дӕсныйады ӕмвӕзадмӕ гӕсгӕ, йæ бон ерыс кӕнын у горӕты студитимӕ. Радон æнтыст сæ къухы бафтыд фестиваль” Амыраны рухс”-ы, уырдыгӕй артисттӕ уыцы иу рӕстӕг ӕрбаластой дыууӕ бӕрзонд хӕрзиуӕджы.
Театры хистӕр къорд, 11 азӕй 17 азы онг кӕуыл цӕуы, уыдон ацы аз ныфсхаст къахдзӕф акодтой. Номинаци “Сфӕлдыстадон эксперимент “-ы равдыстой æндæргты театр.
Спектакль арӕзт у мады хъысмæтыл. Ӕнӕ иу ныхасӕй, ӕрмӕст аууӕтты фӕрцы, актертӕ равдыстой ныййарæджы ӕнӕхъӕн цард: йӕ фырты райгуырдӕй, йӕ фыццаг къахдзӕфтӕй ӕмӕ скъолайы азтӕй суанг бинонтӕ скӕныны онг. Сабыр, амондджын цард ӕвиппайды аскъуыдта хӕст. Фæсивæд сӕхӕдӕг сӕттынц: уӕлахиз къухы æнцонæй нæ бафтыд, уымӕн ӕмӕ улахизыл тох кодтой Цæгат æмæ Хуссар Иры тыхджындӕр коллективтӕ.
Æндæргты театр нӕ хатыр кӕны фæурæдтытæ, уымӕ гӕсгӕ мырон фӕлыст сси спектаклы ӕххӕст архайӕг. Бураты Альбинӕ йӕхӕдӕг архайдта звукорежиссеры ролы: уый мургай ӕвзӕрста мелодитӕ, комкоммӕ “баныхӕста” Хъайтарты царды алы къӕпхӕнмæ гæсгæ иу зарæг иннæйы ивта.
Æнтыстджын рауад кӕстӕр къорды архайд дӕр. Номинаци “Драмон спектакль”-ы ӕвзонг артисттӕ равдыстой, йӕ бинонтӕн фӕткъуытӕ чи хаста, фӕлӕ сӕ фӕндагыл ӕххуысхъуаг хӕлӕрттӕн чи байуӕрста, уыцы тӕрхъусы аргъау.
Арф философон мидис — “хорздзинад кӕддӕриддӕр фӕстӕмӕ здӕхы” — сывæллæттæ афтӕ зӕрдӕбынӕй равдыстой, ӕмӕ сын жюри саккаг кодта кадджын дыккаг бынат.
Абон Бураты Альбинӕйы разамындӕй Бруты ис ӕцӕг курдиӕтты стъалыбардз. Сфӕлдыстадон иугонды архайы 60 сывӕллоны: уыдонæй 24-æй фылдæр театры, 16 — доулисттæ, 10 — фæндырдзæгъдджытæ, уыйбæрцы — зарæггæнджытæ дæр. Кӕд ныртӕккӕ ахуыртӕ бынӕттон скъолайы агъуыстыты цӕуынц, уӕддӕр ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъахъхъӕнынц хӕрзхъӕддзинады иууыл бӕрзонддӕр æмвæзад, фæлæ кафджыты къордæн ам хъæугæ фадæттæ нæй æмæ ныртæккæ нæ архайынц.
“Амыраны рухс”-ы уӕлахиз у ӕрмӕст радон къæпхæн. Артисттӕ ногæй сӕ костюмтӕ ӕмӕ реквизит ӕмбырд кӕнынц. 15-æм майы Бруты сфӕлдыстадон къордтæ ацӕудзысты Железноводскмӕ. Уым сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ног æркаст ӕмӕ ног фадат сбӕлвырд кӕнынӕн — ӕцӕг курдиат ӕмӕ зӕрдӕбын ӕнкъарӕнты гæнæнтæ æгæрон сты.
Дзæдзойты Фатимæ
















