Чысыл фигуристкæтæ разæнгардæй кæсынц сæ тренермæ. Ахуыртæ сын амоны Санаты Елизаветæ. “Танцы на льду”-йы архайæг, Уæрæсейы цалдæр хатты призер æмæ спорты дæсны дих кæны йæ арæхстдзинадæй. Армина Саргсяныл æрмæст 6 цæуы. Фæлæ ныртæккæ дæр чызг къахдзоныгътыл ныфсджынæй лæууы, йæ бæллиц у профессионал суæвын.
Теджеты Виктория къахдзоныгътыл аив быры 8 азы. Зæгъы, раздæр æй ихмæ рацæуын нæ фæндыд. Фæлæ цыбыр рæстæджы фæстæ бауарзта ацы спорты хуыз æмæ тренировкæтæ. Викæ арæх фæархайы ерысты, фæстаг хатт ноябры. Бацахста 1-аг бынат 3-аг спортивон разряды.
Алы æвзонг, фæлæ ныфсхаст фигуристкæйы мæхи базонын,- зæгъы Санаты Елизаветæ. Æхсызгон мын вæййы хæдзармæ ссæугæйæ чызджыты фарсмæ балæууын, сæ техникæ сын фæхуыздæр кæнын æмæ сын сæ æнтстдзинæдтыл бацин кæнын.
Ныртæккæ республикæйы æмбæлгæ уавæртæ ис ацы спорты хуызты райрæзтæн. Æмæ уый бæрæг у, зæгъы Елизаветæ. Уый фæрцы чызджыты арæхстдзинад рæзы. Æнæмæнг ахсджиаг у сæ психологон уавæр дæр.
Баххуыс кæнын æмæ ма бахъыгдарын. Спортсменты психологон уавæр, уæлдайдæр та сывæллоны, зынгæ ахады кæронбæттæн бæрæггæнæнтыл. Фæлæ ныр чызджытæ иууылдæр сæхи хорз æнкъарынц, нæ тыхсынц.
Ерысты сезон кæронмæ фæхæццæ кæны. Бирæ чызджытæн фыццаг у. Дæргъвæтин рæстæг лæудзæн сæ зæрдыл. Фæлтæрдджын спортсменкæимæ фембæлд къухы бафтыд ихын аренæйы разамынды фæрцы. Дарддæры дæсныйадæвдисæг ахуыртæ уыдзысты ноджы егъаудæр æмæ цымыдисагдæр.
















