Ивгъуыд бонты Дзæуджыхъæуы уыд спортивон акци «Мах тыхджын бæстæйы фарс стæм». Йæ саразыныл бакуыста нациты ахастдзинæдты фæдыл федералон агентад. Æхсызгон уый у, æмæ акци бирæты зæрдæмæ кæй фæцыд. Дæсгæйттæй цыдысты горæты фæзтæй иумæ æмæ сæхи спорты фæлвæрдтой. Уæлдай æхсызгон та сын уыд, семæ иумæ зындгонд спортсментæ кæй уыдысты, уый. Нæ уацхæсджытæ уымæн – æвдисæн.
Райсомы зарядкæ дын Олимпаг чемпион амона, ахæм амонд бирæтæм нæ бахуды. Дзæуджыхъæуы фæзтæй иумæ æрбацыд 600 адæймагæй фылдæр. Сæ фылдæр уæлдæр æмæ профессионалон ахуыргæнæндæтты студенттæ. Хъуыстгонд спортсментæ Таймазты Артур, Артем Левины, Бæройты Хасаны æмæ Хуыгаты Аланы амынддзинæдтæ сæ алчидæр разæнгардæй æххæст кодта. Ацы хатт домæнтæм гæсгæ алчидæр турникыл йæхиуыл хъуамæ 18 хатты схæца.
Зарядку провели трехкратный Олимпийский чемпион по вольной борьбе Артур Таймазов, самый титулованный в России спортсмен в тайском боксе Артем Левин и чемпионы Олимпийских игр Хасан Бароев и Алан Хугаев.
Таймазты Артур, паддзахадон Думæйы депутат, Олимпаг хъæзтыты 3 хатты чемпион: «Ацы мадзалæн стыр ахадындзинад ис. Фыццаджыдæр спорт – æнæниздзинад у. Абон Ирыстоны фæсивæд æрбангом кодтам. Фæлæ мæ фæндид ахæм фембæлдтытæ арæхдæр куы уаиккой, уый. Уæд кæстæртæ кæниккон æнгомдæр, тыхджындæр, фидардæр æмæ æнæниздæр. Стæй сæхæдæг дæр спорт кæндзысты парахатдæр».
Акцийы нысан канд спортыл рæзтыл нæ кусын. Фæсивæд хъуамæ уой разæнград, хъæппæрисджын æмæ фидæныл хъуыды кæной.
Артем Левин, дунейы 6 хатты чемпион тайландаг боксæй, спорты сгуыхт мастер: «Тагъд нæ бæстæйы цæрджытæ æвзардзысты Уæрæсейы президенты. Акци уымæн сарæзтам, цæмæй фæсивæд æвзæрстытæм разæнгарддæрæй куыд цæуой æмæ сæ граждайнаг бартæм куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой, уый тыххæй. Уыдон дæр æй æмбарынц. Æмæ нын æхсызгон у нæ бæстæ хæстæгдæр 6 азы цы фæндагыл цæудзысты, ууыл кæй хъуыды кæнынц, уый».
Спортсментимæ зарядкæтæ уыдысты Кавказы иннæ республикæты дæр. Интернеты та парахат кæныполитиктæ кæм архайынц, ахæм спортивон флэшмоб. Се хсæн Татарстаны Президент Рустам Минниханов, Цæцæны республикæйы сæргълæууæг Рамзан Кадыров, Тулæйы облæсты губернатор Алексей Дюмин æмæ æндæртæ.
Акцийы кæронбæттæны йæ архайджытæ скодтой флэшмоб «Живой флаг». Алыхуызон гæххтты сыфтæ сæ сæрмæ сисгæйæ, студенттæ сарæзтой Уæрæсейы тырыса.
Зыхъуаты Жаннæ
















