preloader
сейчас в эфире
08:08
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
Смотрите Далее
08:45
МУЗЫКÆ 12+
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
09:05
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (9-АЯ СЕРИЯ) 12+
10:00
НОВОСТИ 12+
10:20
КОСТА ХЕТАГУРОВ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
close

Чкаловы уынджы 43- æм хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц уæлхæдзары уавæрæй

30.06.2026 16:48

Царæй згъæлынц агуыридуртæ, æппынæдзух тӕдзынджытӕй та тас у телтӕ цыбыр ӕхгӕнынӕй. Адӕм сӕ зӕрдӕ дарынц, кæй сæ фехъусдзысты æмæ сæ аиуварсгæнинаг фарстатимæ иунæгæй кæй нæ ныууадзысты.

Чкаловы уынджы 43 хæдзарыл ацы аз сæххæст 90 азы. Фæстаг хатт бындурон цалцæггонд уыд 1969 азы. Мæнæ афтæ æнцонæй æрсæттынц уæлхæдзар фидаргæнæн хъайвантæ. Цæрджытæ тæрсынц, иу бон кæй ныккæлдзæн, уымæй.

Цæрджыты архайды фæрцы конструкци куыддæр уромы. Фæлæ ма бирæйы фаг у? Адæм хъаст кæнынц, къæвда бон уавæр бынтон уæззау вæййы. Царæй дон æрлæдæрсы суанг дыккаг уæладзыджы онг. Цыппæрæмы та ноджы æвзæрдæр уавæры ис. Любовь æмæ Александр Луценкойы фатеры хъуына æмæ хæлд къултæ. Æрæджы, тæрккъæвдайы фæстæ дон ракалд люстрæйæ.

Ацы хæдзары бинонтæ ныридæгæн цæрынц 37 азы. Уыцы рæстæг Алыксандр йæхæдæг зылд цармæ, уæлхæдзар сыгъдæг кодта мит æмæ цъыфæй, цæмæй дон къултæм ма кæла. Фæлæ дарддæр уымæн ныртæккæ нæлгоймагæн йæ æнæниздзинад нæ фаг кæны.— 37 азы зылд цармæ, ныхæста, мит æфснæйдта, цыдæртæ ахуырста. 37 азы æнæрлæугæ уыцы куыст фæкодта. Ныр у дыккаг къæпхæны инвалид. Дыккаг инфаркты фæстæ йæ бон исты скæнын нæ, фæлæ хуымæтæджы схизын дæр йæ бон нæцу цармæ.

Фæстаг хатт цармæ схизын куы хъавыд, уæд æй йæ зæрдæ æрцахста. Тыххæй ма бахæццæ фатермæ, зæгъы Алыксандр. Хинайæны æмæ æндæр уæтты дæр уавæр хуыздæр нæу. Къултæ цæгъдын æмæ ахорынæй ницы пайда ис. Фыццаг къæвдайы фæстæ та фехæлынц.

— Асин сæвæрдтам æмæ люстрæ раппæрста, телтæ батыхта, бандзæвын дæр сæм нæ уæндæм. Нæ уаты цырагъ нæй, мæнæ ахæм рухсгæнæнæй фæпайда кæнæм.

Уымæл æмæ цъыфы тыхæй уæлхæдзары фæзынд зайæгойтæ. Цæрджытæ хынджылæг кæнынц, тагъд ыл ботаникон дыргъдоны хуызæн тезгъо кæнын уыдзæн, зæг ъгæ. Æххуысы фæдыл иу æмæ дыууæ хатты нæ фæсидтысты дзуапдæттæг оргæнтæм. Фæлæ сын дзуапп афтæ дæр ничи радта.

— Бындурон цалцæджы службæ нын цар нæ цалцæг кæны, бирæ хæттыты фæсидтыстæм уыимæ ма прокуратурæ мæ дæр. 2021 азæй нырмæ æппынæдзух бындурон цалцæджы æмгъуыд фæивынц. Абон нын нысан кæнынц 2027 аз.

Фæлæ уый дæр бæлвырд нæу. Уымæн æмæ иу æмгъуыд ныридæгæн ивд æрцыд. Бындурон цалцæджы фонды цæрджытæн бамбарын кодтой, хæдзары куыстытæ нæ кæнынц, уымæн æмæ коммуналон фиддонтæ фаг нæ æмбырд кæнынц.

— Мах архайæм, фидæм, æндæр аз ма нæм суд дæр уыд. Бирæтæн сæ картæтæй дæр систой уыцы фиддонтæ, искæ кæмæй не скодтой, уыдонæн та æрбарвыстой тæрхоны уынаффæ, бæлвырд æмгъуыдмæ хæстæ бафидын. Æз цас зонын, афтæмæй сæ бафыстой, фæлæ уавæр уæддæр нæ баивта.

Цæрджытæ фыстæджытæ æрвыстой Цæрæнуонтон-коммуналон хæдзарады министрадмæ, парламентмæ æмæ ма суанг прокуратурæмæ дæр. Фæлæ уавæр афтæ дæр нæ ивы. Царæй згъæлынц агуыридуртæ, æппынæдзух тӕдзынджытӕй та тас у телтӕ цыбыр ӕхгӕнынӕй. Адӕм сӕ зӕрдӕ дарынц, кæй сæ фехъусдзысты æмæ сæ аиуварсгæнинаг фарстатимæ иунæгæй кæй нæ ныууадзысты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Все рекомендуемое