preloader
сейчас в эфире
05:15
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Дӕсгай азты фӕстӕ дӕр Хъӕбӕлоты Владимир хъахъхъӕны Фыдыбӕстӕйе Стыр хӕсты тыххӕй мысинӕгтӕ

8.05.2026 18:41

Иухатт Владимир йе ‘рдхорд Таймуразимӕ ссардтой гранат.

Хъӕбӕлоты Владимиры сабидуг ахахх кодта Фыдыбӕстӕйы Стыр хæст. 1941-ӕм азы, йæ райдианӕй дыууӕ мӕйы раздӕр, амард йӕ фыд. Мады иунӕгӕй бахъуыд 7 сывӕллоны хъомыл кӕнын. Немыцы ӕфсӕдтӕ Озрекмӕ куы бацыдысты, уӕд лӕппуйыл 6 азы йеддӕмӕ нӕма цыд. Оккупаци ахаста 3 мӕйы. Фашисттӕ бацахстой, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕппӕт хӕдзӕрттӕ дӕр. Тас сси се ‘рвылбоны царды хай.

Иухатт Владимир йе ‘рдхорд Таймуразимӕ ссардтой гранат. Сывӕллӕттӕ партизантӕй хъазыдысты ӕмӕ тасдзинад не ‘мбӕрстой. Таймураз уæд бынаты фӕмард, чысыл Валодя та уӕззау цӕфтӕ фӕци. Диссаг, фервӕзын ӕй кодта немыцаг дохтыр. Афӕдзы ‘рдӕг лӕппу уыд цардӕй мӕлӕты’ хсӕн, йе схъисты иу хай ныр дӕр ма йӕ буары ис.

Хъӕу ссӕрибар кӕныны рӕстӕджы бомбӕтӕ нал ӕнцадысты. Мады бахъуыд йæ уӕззау цӕф фырты акъоппы ныууадзын, цӕмӕй иннӕ сывӕллӕтты ракӕна.

Уыдысты 7, 2 сæ — хӕрз чысыл, фаззæттæ. Фӕстӕдӕр амардысты. Уыцы рӕстӕджы-иу Владимиры æдасдæр ранмæ акодта йæ фыды ‘фсымæры чызг Хъӕбӕлоты Шуркӕ.

Хӕсты фӕстӕ цард ногӕй райдайын бахъуыд. Владимир каст фӕци скъола ӕмӕ пенсийы онг фӕкуыста цӕттӕгӕнӕгӕй. Ракуырдта Дарикъойы, бинонтæн райгуырд 2 сывӕллоны, ис сын 5 хъӕбулы хъæбулы æмæ уыдоны цот та — 3-йæ. Абон сабиты дадайыл цӕуы 91 аз.

Ноджы ма Владимир уӕлдай уарзон цӕстӕй кӕсы зӕхмӕ — зилы цӕхӕрадон ӕмӕ дыргъдонмӕ. Зӕгъы, фӕллой ӕххуыс у царды тых ӕмӕ цин бахъахъхъӕнынӕн. Хъӕбӕлойы-фырт — хæсты сывӕллон. Хӕст кӕй фехӕлдта, уыцы егъау бӕстӕ тагъд йӕ къахыл ахæм фидар адæмы фæрцы слæууыд. Ӕмӕ абон, Уӕлахизы Боны хӕдразмӕ, сӕ истори махæн хъуамæ уа зæрдылдарæн — сабырдзинады сæраппонд цы аргъ бафыстой, уымæн рохгæнæн нæй!

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Фæрниаты Райæ I Фæрдгуытæ
22.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 2: врачевание на Кавказе, поздняя бронза – раннее железо / Ossetica
22.06.2026
22.06.2026 I Самое время
22.06.2026
Поиск себя I Доброе утро, Осетия!
22.06.2026
«Булат» | К 90-летию Булата Газданова
21.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 21.06.2026
21.06.2026
В итоге: 21 июня
21.06.2026
Гвардия I 20.06.2026
20.06.2026
Северная Осетия в Великой Отечественной Войне I Ход истории
19.06.2026
Фосы куыст I Хæдзарадон
19.06.2026
Адæмыхæттыты `хсæн буллинг, ирыстойнаг проект «Три столицы» æмæ сывæллæтты футболы Бон | Йæ рæстæгыл
19.06.2026
19.06 | Доброе утро, Осетия!
19.06.2026
«Школа фермера», программа «Активное долголетие» и актуальные новости прошедшей недели | Самое время
18.06.2026
Рагон кæлмæрзæн
18.06.2026
Танделаты Розӕ I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
18.06.2026
Все рекомендуемое