Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæуты фелсырон-акушерон пунктты дарддæр афтектæ гом кæнынц. Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло фехъусын кодта йæ сæрмагонд фарсы телеграмы. Хъуыддагыл кусын райдыдтой ацы аз уалдзæджы. Ныр 15 хъæуы цæрджытæн сæ бон у, адæймаджы æвæстиатæй чи бахъæуы, ахæм хостæ балхæнын. Афтекты нымæц хъуамæ фæфылдæр уа 31-ы онг.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæйраг хæс у, цæмæй алы ФАП æмæ амбулаторийы дæр хостæ уа. Фелсырон-акушерон пунктты афтектæ гом кæнынæн Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад снысан кодта сæрмагонд фæтк. Хъуамæ аххæссой æгас республикæйыл.
















