Реуазты Батрадзы хӕдзары кӕрдтӕ алкæддæр цыргъ вæййынц, йæ æрмадзы хи фæлыг кæнын æнцондæр у счъизи уæвынæй. Дæсныйы дзауматæ хорз зонынц нæ республикæйы æмæ суанг æгас бæстæйы дæр. Йæ архайд та райдыдта хуымæтæг зæгæлæй.
Сывæллон уæвгæйæ æнхъæл дæр нæ уыд, йæ цард цыргъагимæ кæй сбæтдзæн, уый. Йæ фыды æрмадзы фидæны дæсны æрвыста йæ уæгъд рæстæг – цыргъ кодта, карста, ӕмӕ ма – иу хатгай дзауматæ сӕтгӕ дӕр акодта, фӕлӕ – мысы, уый тыххӕй йӕм загъд никуы кодтой, фæлæ ма иу ын ноджы фылдæр ныфс бавæрдтой.
Хъуыддагыл бæстондæр архайын райдыдта фæндаггон фыдбылызы фæстæ. Æвирхъау цау нæлгоймаджы цæуынæй фæцух кодта, фæлæ йын балæвар кодта царды куыст. Цыргъ æрмдзæфы тыххæй нæлгоймаг базыдта интернетæй – æндæр дæсныты куыстытæм кæсгæйæ, бамбæрста – ныр мæ рæстæг æрцыд, зæгъгæ. Йæ фæрæзтæй балхæдта чысыл кусæнгарз, куырдадз та сси раздæры кæркдон.
Афтæмæй ныртæккæ æлхæнджытæ фылдæрæй фылдæр кæнынц: мæймæ дæсгай кæрдтæ. Ныртæккæ иу куыстыл ацæуы дыууæ-æртæ боны, раздæр ахæм тагъдадмæ бæллын дæр йæ бон нæ уыд. Цуанон, дзыппыдаргæ æмæ тактикон – дæсныйы æвæрæнты ис æрмæджыты алы хуызтæ: карбонæй фысы сыкъайы онг æмæ ма суанг къæхтæ дæр.
Хæрзхъæд кард балхæнынæн бирæтæ цæттæ сты дæсгай километрты сæрты ахизын – Дагестан, Мæскуы, Дард Скæсæн – ирон æрмдæсныйы тыххæй зонынц æгас бæстæйы. Райгонд клиенттæ бузныджы ныхæстæ ныууадзынц ам – æрмадзы къулыл.
Ахуыр кæнын – ацы хуымæтæг ныхас сси нæлгоймагæн йæ царды девиз. Кæд æмæ ныридæгæн бирæ хæрзхъæд куыстытæ скодта, уæддæр Батрадз зæгъы, йæ хуыздæр кард æй нырма саразын хъæуы.
САНАТЫ ДАВИД, АРТУР СУЛОЕВ
















