preloader
сейчас в эфире
02:27
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ЭТО БЫЛО 12+
06:35
ИСТОРИЯ В КАДРЕ 12+
02:50
ФÆРДГУЫТÆ 12+
03:05
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
close

Дигорайы æрымысыдысты зындгонд политиккы рухс ном

16.07.2026 19:21

2-æм, 3-æм æмæ 5-æм æмбырдты сæрдары хæдивæг. Къесайы-фырт 1972-ӕм каст фӕци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет.

Абон йæ 76 азыл сæмбæлдаид юридикон наукæты кандидат, профессор, барадон хъуыддæгты наукон кусæг æмæ Ирыстоны патриот Къесаты Станислав. Зындгонд юрист у Цæгат Ирыстоны конституцийы автортæй иу. 30 азы бæрц уыд парламенты депутат. 2-æм, 3-æм æмæ 5-æм æмбырдты сæрдары хæдивæг. Къесайы-фырт 1972-ӕм каст фӕци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет. Фæстæдæр дзы йæхæдæг кусын райдыдта, сси Паддзахады ӕмӕ барады теори ӕмӕ историйы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг. Къесайы-фырт уыд 100 наукон куыстæй фылдæры автор, се ‘хсæн ахуырадон-методикон æрмæджытæ дæр. Студенттӕ йын дис кодтой йӕ зонындзинæдты суадоныл. Хуыдтой царды фӕндагамонӕг. Фæлæ йæхи цард дæргъвæтин нæ рауад. Йæ 75 азы юбилеймæ иу бон баззад, афтæмæй ацыд йе `цæг дунемæ. уый уыд фарон 15-æм июлы. Абон та йыл хъуамæ сæххæст уыдаит 76 азы. Номдзыд политикы ном æрымысынæн мадзал арæзт уыд Дигорайы, Цæголты Георгийы номыл музейы. Изæрмæ ӕрбацыдысты йæ хæстæджытæ, хицауады уӕнгтӕ, депутаттӕ ӕмӕ ӕндӕр регионтӕй уазджытӕ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Все рекомендуемое